филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 воскресенье, 01 февраля 2026
10 мая 2023, 11:16
Нæ бæстæйы арæзт æрцыдысты Стыр Уæлахизы кадæн мадзæлттæ

Ацы бонты Мæскуыйæ Цæгат Ирыстонмæ сластой Сырх Фæзы Æнусон арты цæхæр

Нæ бæстæйы арæзт æрцыдысты Стыр Уæлахизы кадæн мадзæлттæ. Ацы бонты Мæскуыйæ Цæгат Ирыстонмæ сластой Сырх Фæзы Æнусон арты цæхæр. Кремлы тæккæ раз ист арты хай Адæмон фронты цæгатирыстойнаг регионалон хайады минæвæрттæ кадджын уавæры баластой Кировы, Горæтгæрон, Мæздæджы, Алагиры районтæм, стæй Хæххон паддзахадон аграрон университетмæ. Нæ бæстæйы сæйраг Æнсон арты хай ма ахæм хуызы рвыст æрцыд сыхаг регионтæм дæр. Æрджынарæгæй йæ аластой Дагестанмæ, Кæсæг-Балхъармæ, Мæхъæлы æмæ Цæцæны Республикæтæм. Æбæрæг Салдаты ингæнæй кæй сластой, уыцы Æнусон арты цæхæр фыццаг сæмбæлд Даргъ-Къохы мемориалыл. Ацы хъæуы цæрджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг атындзыдтой райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ. Бирæтæ сæ, хъыгагæн, сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Ныр сæ номыл ацы зынг судздзæн æнусты дæргъы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania