филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 воскресенье, 01 февраля 2026
10 мая 2023, 11:17
Уæлахизы боны агъоммæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты

Ацы хатт сын бацæттæ кодтой кады гæххæттытæ, адджинæгтæ æмæ æндæр лæвæрттæ

Уæлахизы боны агъоммæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты. Ацы хатт сын бацæттæ кодтой кады гæххæттытæ, адджинæгтæ æмæ æндæр лæвæрттæ. Уыдысты Хуыдиаты Черменмæ æмæ  Александр Варламовмæ. Хуыдиаты Черменæн йе фсæддон сгуытдзинæдты тыххæй радтой медицинон службæйы лейтенанты ном, стæй «Фыдыбæстæйы уæлахизы тыххæй» майдан. Александр Варламов та уыд сапер, хæцыд фæсбайкалы фронты. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд ордентæй æмæ майдантæй. Æдæппæтæй 24 хæрзиуæджы. 3 бонмæ партийы минæвæрттæ бабæрæг кодтой нæ республикæйы æппæт ветеранты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania