филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:14 воскресенье, 01 февраля 2026
10 мая 2023, 11:19
Хъæдгæроны ацыд киноныв «Сандро. Наш Сандро»-йы премьерæ

Италийы ныхмæлæуддзинады архайæг æмæ интернационалон æфсæддон Гиоты Алыксандры кадæн

«Сандро. Наш Сандро» – афтæ схуыдтой, Италийы ныхмæлæуддзинады архайæг æмæ интернационалон æфсæддон Гиоты Алыксандры кадæн цы киноныв систой, уый. Йæ райгуырæн хъæу Хъæдгæроны ацыд йæ премьерæ. Киноныв сисыны хъæппæрисы автор у Хæблиаты Владислав, продюсер Хъалæгаты Джульеттæ, режиссер Мæхъиты Еленæ. Премьерæйы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.

Нæ абоны хъайтар архайдта Мæскуыйы бын немыцаг- фашисттæ пырх кæнын тохы. Фæци уæззау цæфтæ, афтæмæй, йæхиуыл æнауæрдгæйæ уæддæр цыди размæ. Тохы фæстæ бахауди уацары. Гиоты Алыксандры царды истори у цымыдисаг сюжетимæ кинонывы хуызæн. Италийы бахауд концлагермæ. Фыццаг бонтæй фæстæмæ, уыди ныхмæлæуддзинады архайæг. Италиаг коммунисттæ йын бацархайдтой алидзынмæ баххуыс кæныныл.  Цалынмæ Итали не суæгъд кодтой, уæдмæ та тох кодта Гарибальдион бригады. Продюсер Хъалæгаты Джульеттæ цалдæр азы дæргъы куыста легендарон Сандройы цардвæндагыл ист документалон кинонывыл.

Документалон киноныв «Сандро. Наш Сандро» – у цалдæр новеллæ-эпизоды хуызы. Ирдæй дзы æвдыст цæуы Гиоты Алыксандрæн æппæты ахсджиагдæр Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, йæ хæс ын бафидын æмæ интернационалон хæлардзинад кæй уыдис, уый. Кинойы æвдыст цæуынц бинонты архивæй ист кадртæ. Хицæн ныхасы аккаг – мысинæгтæ. Сандройы чызг Гиоты Юлия дзуры, сабийæ куклатæй хъазын кæй нæ уарзта, фæлæ лæппутимæ уынджы. Цæрдæг кæй уыди, уый чызджы фыды зæрдæмæ цыди. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ хæдзары æдзух стыр кад кодтой Ирыстонæн. Бинонты хистæр уæлдай уарзонæй алы хатт дæр дзырдта йæ бинонты тыххæй.

Рæстæмбис бæзæрхыг лæппу. Иннæтæй хицæн кодта йæ ныфсхастдзинадæй, профессионалон æууæлтæй æмæ адæмуарзондзинадæй. Йæ дыккаг фыдыбæстæ Итали йын саккаг кодта бæрзонд хæрзиуæг – «Гарибальдион стъалы»-йы майдан, стæй ма партизанты 9 майданы, уыдонимæ 5 сызгъæрин майданы.

Кинойы режиссер Мæхъиты Еленæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ хъуыддагыл куыстой тынг зæрдиагæй, стæй æнцондæртæй дæр нæ уыди. Кинойы премьерæ ацыд Сандройы райгуырæн хъæу Хъæдгæроны культурæйы хæдзары. Организацион мадзæлттæн баххуыс кодта республикæйы культурæйы министрад. Ацы мадзал патриотон хъомылады хуызы у фæсивæдæн дæр.

Уыцы бон Хъæдгæроны Намысы Аллейæйы Гиоты Алыксандрæн байгом кодтой бюст дæр. Йæ автор Сабеты Георгий.

45-æм азы райдиан йæ райгуырæн бæстæмæ куы ссиди, уæд Гиоты Алыксандр ногæй æрлæууыд Сырх æфсæддонты рæнхъыты, æмæ архайдта Япониимæ хæсты, куыста, Дыккаг дунеон хæсты фæстаг æвдисæн скуынæг кæныныл. Йæ хъæбатырдзинад æмæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыди «Сырх стъалыйы Орден», «Мæскуы хъахъхъæныны», «Сталинградыл тохы» æмæ «Германыл фæуæлахиз уæвыны» тыххæй майдантæ.

Хъæбатыры ном цæры. Рухс федта Анатолий Виноградовы уацау «Сандро». Чингуытæ балæвар кодтой Хъæдгæроны цæрджытæн æмæ уазджытæн. Хъæдгæроны намысы аллейæйы фыццаг æмæ дыккаг дунеон хæстыты хъæбатырты цалдæр бюсты. Ам фæзынд Гиоты Алыксанды цыртдзæвæн дæр. Ныгæд у Новодевичьи уæлмæрды, фæлæ йæ рухс ном цæрдзæн йæ райгуырæн хъæуы дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania