Бæрæгбоны фæдыл республикæйы цæрджытæн арфæтæ ракодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло
Абон у ирон æвзаджы æмæ литературæйы бон. Бæрæг æй кæнынц куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Бæрæгбоны фæдыл республикæйы цæрджытæн арфæтæ ракодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. 20 азы размæ, Цæгат Ирыстоны уæды президент Дзасохты Алыксандр бафыста указ, цæмæй 15-æм май банымайой ирон æвзаг æмæ литературæйы боныл. Ацы бон хуымæтæджы нæ равзæрстой. 1899-æм азы 15-æм майы рухс федта ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр». Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ ирон æвзагыл дзурынц 500 мин адæймаджы онг. 2009-æм азы та ЮНЕСКО ирон æвзаг бахаста, фесæфынæй тæссаг кæмæн у, уыцы æвзæгты хыгъдмæ. Нæ республикæйы бæрæгбоны кадæн ацæуынц алыхуызон мадзæлттæ, конкурстæ, концерттæ. Ирыстойнаг интеллигенцийы минæвæрттæ æмбæлынц скъоладзаутимæ æмæ студенттимæ, цæмæй иумæ æрдзурой мадæлон æвзаджы хъысмæтыл æмæ фидæныл, цæмæй сæфт ма уа. Куыд æрвылаз, афтæ ацы хатт дæр мадзæлтты райдиан архайджытæ сæвæрдзысты дидинджытæ Къостайы цыртдзæвæныл. Нæ республикæйы 15-æм майы традицимæ гæсгæ, абон хорзæхджын кæндзысты конкурс «Ирыстон – мæ уарзондзинад»-ы уæлахиздзауты æмæ лауреатты. Сфæлдыстадон ерыс сбæрæг кæндзæн, ирон æвзагыл хуыздæр уацхъуыд чи ныффыста, уыцы журналистты. Кадджын мадзал абон ацæудзæн Национ музейы равдыстыты залы. Уымæй дарддæр Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы та кадджын уавæры байгом кæндзысты Нартиадæйы аз.




