Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Хуссар Ирыстоны республикæйы Хæлардзинады ордены кавалер йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта ивгъуыд æнусы 50-йæм азты
Абон 90 юбилей бæрæг кæны зындгонд фыссæг Хуыгаты Сергей. Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Хуссар Ирыстоны республикæйы Хæлардзинады ордены кавалер йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта ивгъуыд æнусы 50-йæм азты. 1962-æм азы та рухс федта йе мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Бонвæрнон». Ныффыста йæ Ходы Камал æмæ Джыккайты Шамилимæ. Хуыгаты Сергей кодта ахуыргæнæджы куыст дæр, куыста Дагестаны æмæ Цæгат Ирыстоны скъолаты. Уымæй уæлдай фæсаууонмæ ахуыр кодта Максим Горькийы номыл литературон институты. Хуыгаты Сергейы фæллойадон цардвæндаджы нысангонд сты Цæгат Ирыстоны телеуынады студи, журнал «Мах дуг», рауагъдад «Ир» æмæ æндæртæ. Кадджын юбилейы агъоммæ фыссæг йе нкъарæнтæ раргом кодта не сфæлдыстадон къордæн.
Царды сæйраг хæс – удæй рæсугъд уæвын. Фæллой кæнын уарзын та – адæймаджы сæйраг курдиат. Ахæм курдиатджын адæймаг у фыссæг Хуыгаты Сергей. Сергейæн йе сфæлдыстадон къæбицы ис бирæ æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Йæ фæндаг райдыдта æмдзæвгæтæй. Адæймаг фæллойуарзаг кæй уыдзæн, уый бæрæг вæййы йæ сабибонты дæр. Сергей æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Кæсын дæр базыдта йе мгæрттæй раздæр. Йæ фыццаг æмдзæвгæ мыхуыры рацыд, 2-æм курсы куы ахуыр кодта, уæд, 1951-æм азы.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарæг йæ кæстæр хъæбулы куыд хъуылон уарзт кæны, афтæ Сергейæн дæр, ныр цы чиныг фыссы, уый уæлдай адджын у. Уæдæ рухс ын цы чингуытæ федтой, уыдонæй зæрдæмæ хæстæгдæр та йын у «Нарты Фарнæг».
Дунейыл афæлгæсгæйæ Хуыгаты Сергейы куы бафæрсай, йæ уарзондæр чиныг цавæр у, уый, уæд йæ дзуапп вæййы иу.
Алы автор дæр фыссынмæ куы рбады, уæд раргом кæны йæ зæрдæйы нкъарæнтæ. Уымæ гæсгæ алкæмæн дæр ис йæхи аивадон темæ.
«Гъе, уый дын Хепа», «Нарты Фарнæг», «Къостайы авдæн», «Сæнæфсиры цупæлттæ» æмæ бирæ æндæр чингуыты автор Хуыгаты Сергей йæ 90 азы юбилейы дæр архайы, цæмæй Ирыстонæн уа фылдæр сфæлдыстадон бынтæ.




