18 мая 2023, 11:28
Сергей Меняйло абон сараздзæн æрвылазон пресс-конференци
Регионы разамонæг фемблдзæн дзыллон-хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ æмæ дзуæппытæ ратдзæнис журналистты фæрстытæн
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло абон сараздзæн æрвылазон пресс-конференци. Регионы разамонæг фемблдзæн дзыллон-хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ æмæ дзуæппытæ ратдзæнис журналистты фæрстытæн. Комкоммæ эфир райдайдзæнис 12 сахатыл, телеканал Осетия-Ирыстоны эфиры. Интернетæй пайдагæнджыты бон уыдзæнис пресс-конференцмæ бакæсын республикæйы разамонæджы сайты, паддзахадон телерадиокомпани Аланийы æмæ телеканал Осетия-Ирыстоны сайты. Байхъусæн æм уыдзæнис радио Аланийы уылæнтыл дæр.
темæмæ гæсгæ




