филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 воскресенье, 01 февраля 2026
18 мая 2023, 11:20
5 азы размæ йæ цард аскъуыд интеранционалон батальон «Пятнашкæ»-йы командæгæнæг Мамиаты Олегæн

Йæ амæлæты фæстæ сси Донецкы Адæмон Республикæйы хъæбатыр

Кад æмæ намыс. 5 азы размæ Донецкы бынмæ йæ цард аскъуыд интеранционалон батальон «Пятнашкæ»-йы командæгæнæг, дæлбулкъон Мамиаты Олегæн. Активонæй архайдта 2008-æм азы Хуссар Ирыстоны августы цауты. 2014-æм азы та рахаста уынаффæ, Донбассмæ ацæуыны тыххæй. Раздæр цæттæ кодта æфсæддонты, уый фæстæ та сси батальоны командæгæнæг. Фæстæдæр, йæ амæлæты фæстæ сси Донецкы Адæмон Республикæйы хъæбатыр. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ йын лæвæрд æрцыд «Ирыстоны Намысы» майдан. Уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ амæлæты фæстæ. Зындгонд командæгæнæджы рухс ном æрымысыдысты Дзæуджыхъæуы. Мамиаты Оледжы цыртдзæвæнмæ æрбацыдысты йæ хæстæджытæ, хиуæттæ, æмбæлттæ, æхсæнадон кусджытæ, патриотон организациты минæвæрттæ. Дæлбулкъон «Мамай» баззад бирæты зæрдæты. Сси æцæг дæнцæг æрыгон фæлтæрæн. Уымæн æмæ се ппæтæн дæр равдыста – цы у æцæг патриот, æмæ куыд æгæрон уарзтæй уарзæн ис Фыдыбæстæ, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania