Бюст сæвæрдтой районы культурæйы галуаны кæрты, Хетæгкаты Къостайы бюсты цур
Цыколайы байгом кодтой цыртдзæвæн ирон литературæйы классик Малиты Георгийæн. Бюст сæвæрдтой районы культурæйы галуаны кæрты, Хетæгкаты Къостайы бюсты цур. Малиты Георгий уыд поэт, прозаик æмæ драматург. Йæ уацмыстæ хаст æрцыдысты ирон культурæйы фондмæ. Малиты Георгийы сфæлдыстадæн стыр аргъ кодта зындгонд ахуыргонд Абайты Васо. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, фыссæджы курдиат уæлдай ирддæр раргом ис, дыгуронау цы уацмыстæ ныффыста, уым. Цыртдзæвæн сæвæрдтой республикæйы фысджыты цæдисы æмæ Æрæфы районы хицауады фæндонмæ гæсгæ. Мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд.
Æрæфы районы культурæйы галуаны кæрты Малиты Геуæргийæн бюст байгом кæныны мадзалы Лагкуыты Омар цы диссаджы хъуыдытæ рахаста адæмы размæ, уыдонæй алкæцыйæн дæр ис арф мидис. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, бирæ зындзинæдтæ бавзарæг Малиты Георгийæн, цæмæй ам цыртдзæвæн æвæрд æрцæуа, уый тыххæй администрацимæ бирæ курдиæттæ цыд. Æмæ абон бантыст фæндтæ хъуыддагæй цардмæ рахæссын. Цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын бар лæвæр æрцыд Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæнæн æмæ Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омарæн. Æвæццæгæн мадзалы архайджытæй ацы цауыл чи нæ бацин кодта, ахæм нæ уыд.
Бæрæгбон рауад хъæздыг мысæн ныхæстæй, мидисджын æмдзæвгæтæй. Скъоладзаутæ зæрдиагæй сæхи бацæттæ кодтой. Адæмы размæ рахастой Малиты Геуæргийы дзырддзæугæ сфæлдыстад.
Егъау дыгорон поэт, революционер, публицист, рухстауæг Малиты Геуæрги цы стыр æвæрæн бахаста дыгурон литературон æвзаджы райрæзтмæ, уый зындгонд у. Курдиатджын поэт, лирик цы рæнхъытæ сфæлдыста, уыдонæй алкæцы дæр дисы æфтауы йæ арф хъуыдыйы мидисæй рæстæджы цыдимæ дæр.
Геуæргийæн бантыст рауадзын йæ куыстыты дыууæ æмбырдгонды. 1924-æм азы Берлины уагъд æрцыд «Горские мотивы»,1935-æм азы та Дзæуджыхъæуы рухс федта «Ирæф». «Ирæф» ма цалдæр хатты уагъд æрцыд. Малиты Геуæргийæн кæд йæ сывæллæттæ схæссын нæ бантæст, уæддæр, сæ сæ мад Зæрæда фæтасын нæ бауагъта. Систы Ирыстоны раззагъды адæм. Бацархайдтой сæ фыды ном фæлтæртæм хæццæ кæнынæн амæлттæ саразыныл. Цыколайы сарæзт мадзалы дæр бацархайдтой йæ фæдонтæ.
Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый, æмæ Æрæфы районы культурæйы галуаны кусджытæ сæ сфæлдыстадай кæй барайдзаст кодтой мадзал.
Малиты Геуæрги цы дыгурон дзырды фарн хаста фæлтæртæм, уый райрæзтыл чи кусы уыцы ахуыргæнджытæ Химилонты Азæ æмæ Хъарданты Ларисæ та, мадзалы рæстæг хорзæхгонд æрцыдысты Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæджы кады гæххæттытæй.
Адæймаг цæры, йæ ном кæдмæ цæра, уæдмæ. Геуæргийы ном та Ирыстоны дзыллæтæ,стæй йæ фæдонтæ рох кæнын нæ уадзынц. Уымæн бирæ вдисæнтæ ис.
Ирон æвзаджы боны дæр ын Дзæуджыхъæуы йæ цыртдзæвæны цурмæ æрбамбырд сты Ирыстоны интеллегенцийы минæвæрттæ, мадæлон æвзаджы фидæнмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм адæм.




