филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:18 воскресенье, 01 февраля 2026
19 мая 2023, 11:57
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, республикæйы æхсæнадон территоритæ аив кæныны мадзæлтты фæдыл æмбырд

Куыстытæ цæуынц национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты æнцонвадат архайд»-ы федералон проектмæ гæсгæ

Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, республикæйы æхсæнадон территоритæ аив кæныны мадзæлтты фæдыл æмбырд. Куыстытæ цæуынц национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты æнцонвадат архайд»-ы федералон проектмæ гæсгæ.  Ацы азы нысантæм гæсгæ аивгонд æрцæудзæн 41 æхсæнадон территорийы æмæ иу кæрт. Куыстытæ иумæйаг аргъ у 181 милуан сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Объекттæн сæ фылдæры цалцæггæнæн куыстытæм бавнæлдтой. Уымæй дарддæр ма, Æппæтуæрæсеон конкурс «Чысыл горæттæ æмæ историон бынæтты» кæй фæуæлахиз стæм, уый фæрцы 2023-æм азы саив кæндзысты Беслæны æмæ Дигорайы æхсæнадон территоритæ. Куыстытæ дзы ныридæгæн дæр цæуынц. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй, конкурсы архайд фадат дæтты нырыккон æмæ хæрзвадат территоритæ аразынæн. Уый фæрцы та республикæйы цæрджыты уавæртæ дæр кæнынц хуыздæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania