30 мая 2023, 11:48
Алагирмæ бацæуæны кæронмæ фæхæццæ кæны стелæйы арæзтад
Объект уыдзæни дурæй конд арæзтады хуызы, фыст ыл уыдзæни Алагир, æмæ йыл уыдзæн ирон тырыса
Алагирмæ бацæуæны кæронмæ фæхæццæ кæны стелæйы арæзтад. Объект уыдзæни дурæй конд арæзтады хуызы, фыст ыл уыдзæни Алагир, æмæ йыл уыдзæн ирон тырыса. Уымæй уæлдай йын базилдзысты йæ территоримæ. Ныссаддзысты дзы клумбæтæ æмæ дзы сæвæрдзысты уынгты рухсытæ. Амæй размæ ацы бынаты уыди паддзахадон автоинспекцийы пост, æмæ Транскамы фæндагмæ амонæн. Куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты хæстæгдæр дыууæ къуырийы.
темæмæ гæсгæ




