филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:59 воскресенье, 01 февраля 2026
30 мая 2023, 11:52
Цгъойты мыггаджы 5 хъæбатыры

Цгъойты мыггаг хæстæм афæндараст кодта 150 минæварæй фылдæр

30-æм майы 1942-æм азы арæзт æрцыд партизанты змæлды Сæйраг штаб. Бирæ ахсджиаг хæстæ йыл æврæд æрцыд уыцы рæстæг. Фæлæ æппæт æфсæддон дæлхайдтæ дæр иууылдæр иумæ тырныдтой Стыр Уæлахизмæ. Знаджы ныхмæ сыстадысты нæ бæстæйæ фæсивæд. Гыццыл Ирыстонæй райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ цыдысты æнæхъæн мыггæгтæй. Уымæн цал æмæ цал дæнцæджы ис. Зæгъæм, Цгъойты мыггаг хæстæм афæндараст кодта 150 минæварæй фылдæр. Уыдоны хсæн – Раздзоджы цæрæг Цгъойты Сослæнбеджы 5 фырты дæр. Сæ иу – Хъуыдæберд йæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania