филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:47 воскресенье, 01 февраля 2026
01 июня 2023, 11:47
Доны станцæйы рацарæзты куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны, фæлæ ацы хъуыддагмæ цæттæ кæнынц иннæ объекттæ

Зæгъæм, Китайаг фæзы районы чысыл доны станцæ, уым аивгæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц

Доны станцæйы рацарæзты куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны. Найæн сезон райдайдзæн æнæ уыцы фæлладуадзæн зонæйæ. Фæлæ ацы хъуыддагмæ цæттæ кæнынц иннæ объекттæ. Зæгъæм, Китайаг фæзы районы чысыл доны станцæ. Уым аивгæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Сæрд райдыдта, уыимæ та æрбахæстæг кæнынц афæдзы æппæтæй тæвддæр бонтæ. Уæлдæфы температурæ 30 градусы хъармæй уæлдæр ахизы. Ахæм рæстæг адæм уарзынц æрдзы хъæбысы сатæг доны хи найын. Уый тыххæй æнæмæнг денджызмæ цæуын нæ хъæуы. Уæвгæ дæр, алкæмæн ахæм фадат нæ вæййы. Спайда кæнын ис Дзæуджыхъæуы æмæ горæтæй дарддæр, хи найыны бар кæм ис, уыцы объекттæй. Октябрьскæйы доны станцæ найæн сезонмæ цæттæ кæны. Бырæттæ бафснайдтой, цады бын ссыгъдæг кодтой, хъæуы ма чысыл куыстытæ бакæнын.

Кæд Октябрьскæйы фæлладуадзæн фæзæй цæрджытæ райдайдзысты 10-æм июнæй пайда кæнын, уæд Дзæуджыхъæуы стыр доны станцæ та адæмы æрбацыдмæ цæттæ нæма у. Егъау аивгæнæн куыстытæн хъæуы дзæвгар рæстæг. Фæнд сæ кæнынц декабрьмæ фæуын. Ныртæккæ цæттæ у фундамент, бавнæлдтой быцæугæнæн къултæ фидар кæнынмæ.

Стыр доны станцæйы фадæттæ кæй нæй, уый, Дзæуджыхъæуы найæн сезон кæй нæ уыдзæн, ууыл дзурæг нæу. Спайда кæнын уал уыдзæн æндæр фæзæй – чысыл доны станцæйæ. Объекты куыстытæ 80 процентæн сæххæст кодтой. Ныридæгæн ын йæ бын ссыгъдæг кодтой, сæвæрдтой ног рухсытæ, бандæттæ, урнæтæ.

Аивгæнæн куыстытæ ма цæуынц иу рекреацион зонæйы – Терчы был Байаты Чермены уынджы æмæ Штыбы фæзы районы. Ахсджиагдæр цаутæй иу – Терчы 2 былгæроны цы хид иу кæны, уый реставраци. Проектмæ гæсгæ ма фæнд кæнынц, уæллаг ярусæй быннагмæ æрхизæн æххæстæй рацаразын. Къæсæртимæ ма фæзындзæн пандус. Уый фæрцы æнцонвадат уавæртæ уыдзæн, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн, коляскæтимæ мадæлтæн æмæ велосипедисттæн.

Æппæт ацы мадзæлттæ ратдзысты, бынæттон цæрджытæн æмæ туристтæн сæ фæлладуадзæн рæстæг зæрдæмæдзæугæ арвитыны фадат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania