02 июня 2023, 11:36
Æртыккаг историон интеллектуалон хъазт арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы
Баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ
Æртыккаг историон интеллектуалон хъазт арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы, æмæ баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ. Тематикон викторинæйы архайдтой 15 командæйы. Алкæцыйы дæр, 35 азы онг фæсивæд. Сæрмагондæй уыдонæн бацæттæ кодтой цалдæр фæрстыты къорды. Историон цаутæ зонынæй дарддæр ма тематикон туры программæйы уыдысты «Уæлахизы музыкæ», «Уæлахизы хæцæнгарз», æмæ «Уæлахиз культурæйы». Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты Комитет ныртæккæ аразы мадзæлтты егъау цикл. Ис сын рухстауæн æмæ ахуырадон нысан.
темæмæ гæсгæ




