06 июня 2023, 11:37
Республикæйы арæзтады æмæ архитектурæйы министрады минæвæрттæ се вæрæн бахастой хæрзаудæн акци «Под крышей заботы»-мæ
Арæзт цæуы Уæрæсейы арæзтады министрады хъæппæрисæй
Республикæйы арæзтады æмæ архитектурæйы министрады минæвæрттæ се вæрæн бахастой хæрзаудæн акци «Под крышей заботы»-мæ. Арæзт цæуы Уæрæсейы арæзтады министрады хъæппæрисæй. Мæздæджы бинонты хъомылады центр «Амонд»-мæ делегаци аласта велосипедтæ, самокаттæ, спортивон кусæнгæрзтæ, приставкæтæ æмæ адджинæгтæ. Центры кусджытæ æмæ сывæллæттæ уазджытæн бацæттæ кодтой концертон программæ. Ивгъуыд азы дæр Цæгат Ирыстоны арæзтады министрад архайдта ахæм акцийы. Баст у сидзæр сывæллæтты хæдзæртты æмæ скъола-интернатты чи цæры, стæй æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы сабиты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ.
темæмæ гæсгæ




