Æрвылазон традицимæ гæсгæ æхсæнадон архайджытæ æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ дидинджытимæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы Пушкины номыл сквермæ
Уæрæсейы сбæрæг кодтой уырыссаг æвзаджы стæй номдзыд поэт æмæ фыссæг Александр Пушкины райгуырæн бон. Æрвылазон традицимæ гæсгæ æхсæнадон архайджытæ æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ дидинджытимæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы Пушкины номыл сквермæ. Уырыссаг поэзийы классикы æрымысынмæ æрбацыдысты поэттæ, фысджытæ, педагогтæ æмæ скъоладзаутæ. Бакастысты уырыссаг литературæйы генийы уарзондæр æмдзæвгæтæ. Уæвгæ, се ппæты хъуыды дæр уыд иу – Александр Пушкин ирд фæд ныууагъта куыд нæ бæстæйы, афтæ æнæхъæн дунейы сфæлдыстады дæр. Фидарæй нымад æрцыд хуыздæр классиктæй иуыл. Уæлдай æхсызгон та у, йæ цард Цæгат Ирыстонимæ дæр баст кæй у, уый.




