Республикæйы æстай авд мин цæрæджы сæ цæстæнгас равдыстой, цы объекттæ сæ фæнды саив кæнын, уыдоны тыххæй
«Горæты æнцонвадат цард»-ы программæйы фæрцы цы территоритæм базилдзысты, уыдоныл хъæлæс кæныны процедурæ кæронмæ рхæццæ. Республикæйы æстай авд мин цæрæджы сæ цæстæнгас равдыстой, цы объекттæ сæ фæнды саив кæнын, уыдоны тыххæй. Æппæтæй фылдæр хъæлæстæ цы 40 объекты æрæмбырд кодтой, уыдонмæ базилдзысты иннæ аз. Ацы аз та фæнд кæнынц 41 территори саив кæнын. Ныртæккæ кусынц 33 бынаты, уыдонæй 6 фæзы куыстытæ кæронмæ фесты. Хъæлæс кæнынмæ æдæппæтæй хаст æрцыди 59 объекты. Онлайн – хъæлæс кæныны фæрцы фыццаг бынатмæ рацыди Фæскомцæдисон парк. Æрæмбырд кодта æппæтæй фылдæр хъæлæстæ. Куыстыты иу хай райдайдзæн ацы аз. Проект бацæттæ кодтой, горæты цæрджыты фæндонтæ хынцгæйæ.




