Арæзт æрцыд Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады хъæппæрисæй
Цæгат Кавказы суворовон училищæйы байгом кадетты хæлардзинады фыццаг фестиваль «Иудзинады – нæ тых». Арæзт æрцыд Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады хъæппæрисæй. Ведомствойы бæрны чи ис, ахæм 28 организацийы хъомылгæнæгтæ ссыдысты Дзæуджыхъæумæ ацы мæйы райдиан. Сарæзтой сын экскурситæ зæрдылдарæн æмæ историон бынæттæм. Мадзалы сæйраг нысан у нæ бæстæйы алы регионтæй кадетты хæлардзинады бындуртимæ базонгæ кæнын. Суворовон училищæйы кæрты сæвæрдтой егъау дур, куыд хæлардзинады символ. Æрбаластой йæ Стыр Кавказаг хохы рагъæй. Фестиваль фæнд кæнынц традицион скæнын. Иннæ аз кадетты суазæг кæндзæн Петрозаводск. Ацы хатт та фестивалы архайджытæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим.




