филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:31 воскресенье, 01 февраля 2026
15 июня 2023, 11:43
Республикæйы цы их æруарыд, уый стыр зиан æрхаста цалдæр районæн

Æппæтæй тынгдæр æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ фæзындысты хъæууон хæдзарады къабазыл

Дыццæджы республикæйы цы их æруарыд, уый стыр зиан æрхаста цалдæр районæн. Хъыгдард баййæфтой хæдзæрттæ, машинæтæ, æхсæнадон зонæтæ. Æппæтæй тынгдæр æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ фæзындысты хъæууон хæдзарады къабазыл. Бирæ аграритæ æнæ тыллæгæй баззадысты. Профилон специалисттæ нымайынц, их цы зиан æрхаста, уый. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Бигъаты Сафарбеджы тыллæг иууылдæр фесæфт. Фарон дæр их фермæйæн стыр зиан æрхаста. Уæд Сафарбеджы бахъуыд кредит райсын, хæдзарадмæ базилыны тыххæй. Фæлæ та йæ ацы аз дæр æрдзон фыдбылыз æнæ тыллæгæй ныууагъта. Их ныппырх кодта нартхоры 500 гектарæй фылдæр. Быдыры ма баззад æрмæст саст билцъытæ. Сафарбеджы ныхæстæм гæсгæ, азæй-азмæ хъæууон хæдзарадæн их цы зиан хæссы, уый фылдæр кæны.

Их æмæ тыхджын къæвдатæ уыд республикæйы цалдæр районы. Горæтгæрон районы нартхорæй уæлдай ма доны бын фесты сойæйы быдыртæ – 200 гектары. Æрдзон фыдбылыз цы зиан æрхаста, уый рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ сбæлвырд кæныны нысанимæ, бынатмæ рацыдысты профилон ведомствæты кусджытæ. Æдæппæтæй районы 15 мин тыд гектарæй ихæй хъыгдард баййæфтой мин æмæ рдæг.

Цæгат Ирыстоны территори цас гæнæн ис, уыйбæрц бахъахъхъæныныл æмæ æрдзон тых фæлæмæгъдæр кæныныл хъуамæ архайа ихы *руарды ныхмæ службæ. Фæлæ йæ бон кусын у æрмæст бæлвырд территоритыл. Хъæуты æмæ горæтты территориты сæрмæ сын архайыны бар нæй. Тæссаг у, ракетæ кæнæ къæрттытæ сыл æрхауынæй.

Локаторы фæрцы æхсæвæй-бонæй цæстдард цæуы боныхъæды ивддзинæдтæм. Йæ афæлгæсты диаметр 150 километры. Фæлæ уый дæр алы хатт нæ бахъахъхъæны ихæй. Фæлдæхт бæлæстæ, машинæты пырх æвгтæ, сæфт тыллæг. Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ ныртæккæ иуварс кæнынц æппæт республикæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania