15 июня 2023, 11:44
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы цы æмбырд ацыд, уым æркастысты республикæйы донорты фарстатæм
Фембæлд баст уыди донорты æппæтадæмон бонимæ
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы цы æмбырд ацыд, уым æркастысты республикæйы донорты фарстатæм. Фембæлд баст уыди донорты æппæтадæмон бонимæ. Æрныхас дзы кодтой ацы ахсджиаг хъуыддаджы райрæзтæн баххуыс кæныны мадзæлттыл. Абон донорты республикон базæйы хыгъды ис туджы 32 мин доноры. Республикæйы тугдæттæн центры сæйраг дохтыр Цхуырбаты Дианæ куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ арæзт цæуы стджыты магъзы чырæгты донорты бындур дæр. Уæрæсейы кадджын донортæн æмæ хицаудзинады оргæнтæн æмбырды бузныг загътой, донорты змæлдмæ се вæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй.
темæмæ гæсгæ




