Ныридæгæн оркестр бирæ хæттыты сси алыхуызон конкурсты æмæ фестивальты призер æмæ дипломант
Ацы мæйы кæрон йæ 15 азы юбилей сбæрæг кæндзæн национ инструментты оркестр «Ирыстон». Йæ аивадон разамонæг æмæ дирижер у Ходы Олег. Ныридæгæн оркестр бирæ хæттыты сси алыхуызон конкурсты æмæ фестивальты призер æмæ дипломант. 10 азй фылдæр та ис Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы хыгъды. Сфæлдыстадон коллектив йæ юбилеймæ куыд цæттæ кæны, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Ныр 15 азы дæргъы Ходы Олег, нотæты æмбырдгонд байгом кæнгæйæ æмæ дирижеры фезмæлдæй стыр удæнцойдзинад хæссы аивадуарзджытæн. Йæ разамындæй национ инструментты оркестр «Ирыстон» сси æнгом бинонты хуызæн. Ам баиу сты фидар хæлардзинад, музыкалон аивадмæ уарзондзинад стæй ног уацмыстæм цымыдисдзинад.
Ацы оркестры инструменттæ сты, абарæн кæмæн нæй, ахæмтыл нымад. Цалдæр та уæвгæ дæр сты рагон, суанг аивады уацмысы хуызæн. Ныртæккæ, зæгъæн ис, æмæ нæ республикæйы инструменттæ аразæг мастертæ нал баззад. Зæгъæм, контрабас ссарæн никуы уал ис. Оркестры репертуар у цымыдисаг æмæ бирæвæрсыг. Райдай ирон фольклорæй æмæ фæсарæйнаг уацмыстæй фæуы. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ артисттæ афтæ арæхстджынæй цæгъдынц, æмæ андзæвынц алкæйы удыл дæр. Оркестры уæнг Дзаттиаты Анжеликæ дæр уымæн ирд дæнцæг. Тынг уарзы, концерты райдиан æм цы æнкъарæнтæ фæзыны, уыдон.
2010-æм азы оркестр хаст æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы хыгъдмæ. Ходы Олег куыд загъта, афтæмæй æмгуыстад кæнынц хъуыстгонд ирыстойнаг артисттимæ. Уыдон дæр, национ оркестры зæлтæм, зæрдиагæй лæвар кæнынц сæ курдиат. Тауытты Арсен ацы оркестры цæгъды дала-фæндырыл. Йæ инструмент уарзы æгæрон уарзтæй. Уымæ гæсгæ зæрдиагæй цæттæ кæны йæхи юбилейон концертмæ.
Оркестры коллектив æппынæдзухдæр архайы алыхуызон горæтаг æмæ республикон мадзæлтты. Бирæ хæттыты сси конкурсты æмæ фестивальты призер æмæ дипломант. Сæ юбилейон концерт та аивадуарзджыты размæ фæнд кæнынц 30-æм июны рахæссын. Сæ 15 азы бон сбæрæг кæндзысты Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры.




