филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:05 воскресенье, 01 февраля 2026
22 июня 2023, 11:25
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Мысыны æмæ Хъыджы бон

Уый фæдыл ахадгæ мадзæлттæ арæзт цæуынц нæ бæстæйы алы регионты

Æппынæдзухдæр зæрдыл дарын æмæ рох кæнын ма бауадзын. Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Мысыны æмæ Хъыджы бон. Уый фæдыл ахадгæ мадзæлттæ арæзт цæуынц нæ бæстæйы алы регионты. Уыимæ Цæгат Ирыстоныдæр. Кировы районы Змейкæйы хъæуы цалцæг кæнынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы хæстонты цыртдзæвæнтæ. Хъайтарты хыгъд баххæст кæндзысты ног нæмттæй дæр. Цалцæггæнæн куыстытæ кæнынц Змейкæйы цæрджыты бригад сæхæдæг. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ бынæттон администраци кусы Намысы фæз бакæныныл дæр. Фарон Змейкæйы цæрджытæн фадат уыд 22 хъайтары къамы фенынæн, ныридæгæн сты 96. Фидæнмæ та сæ баххæст кæндзысты 130 къамæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania