27 июня 2023, 12:05
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд конференци æрыгон бизнесментæн «Время возможностей»
Иу фæзы æрæмбырд сты, фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, æмæ фæлтæрддзинад кæмæ ис, уыцы амалхъом адæм, стæй хицауадон оргæнты минæвæрттæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд конференци æрыгон бизнесментæн «Время возможностей». Иу фæзы æрæмбырд сты, фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, æмæ фæлтæрддзинад кæмæ ис, уыцы амалхъом адæм, стæй хицауадон оргæнты минæвæрттæ. Æрныхас кодтой, республикæйы бизнесы къабаз ног æмвæзадмæ ракæныны тыххæй цавæр хæстæ сæххæст кæнын хъæуы, уый тыххæй. Конференци саразджытæ куыд загътой, афтæмæй ахæм мадзæлттæ æнæмæнг хъæуынц. Иу кæнынц, Уæрæсейы фидæн чи у, уыцы адæмы, стæй пайда сты регионы социалон-экономикон райрæзтæн.
темæмæ гæсгæ




