филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:05 воскресенье, 01 февраля 2026
27 июня 2023, 12:06
Мæздæджы районы ацыд муниципалон Æхæсæнадон палатæйы 2-аг сконды фыццаг æмбырд

Ацы иугæнæг оргæн кæрæдзиуыл бæтдзæн хицаудзинад æмæ цæрджыты

Мæздæджы районы ацыд муниципалон Æхæсæнадон палатæйы 2-аг сконды фыццаг æмбырд. Ацы иугæнæг оргæн кæрæдзиуыл бæтдзæн хицаудзинад æмæ цæрджыты. Конд у адæмæн алы къабæзты æмæ алывæрсыг æххуыс кæныны нысанимæ. Æнæниздзинадхъахъхъæнынад, социалон фарстатæ, æдасдзинад, арæзтад, æхсæнадон кусджытæ сæ цæст дардзысты алцæмæ дæр. Ахæм иудзинады объекты ахадындзинадыл дзырдта муниципалон сконды сæргълæууæг Гугиты Геннадий дæр. Мæздæджы муниципалон æхсæнадон палатæйы хыгъды ис 10 адæймаджы. Ис сæм æхсæнадон куысты стыр фæлтæрддзинад.  Мæздæггаг æхсæнады минæвæрттæн арфæ ракæнынмæ æмæ Палатæйы уæнгтæн æвдисæндартæ радтыны тыххæй Мæздæджы уыди республикæйы Æхсæнадон Палатæйы сæрдар Нина Чиплакова. Æрныхас дзы кодта цалдæр ахсджиаг фарстайыл. Сæ сæйрагдæртæ – æнæниздзинад æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныны фонды архайд. Æмбырды архайджыты хъæлæс кæныны процедурæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Мæздæджы муниципалон Палатæйы сæрдарæй æвзæрст æрцыди Владимир Франчук, цалдæр азы Адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады штабы хыгъды активонæй архайы цæрджыты фарстатæ лыг кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania