филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:12 вторник, 16 декабря 2025
29 июня 2023, 11:14
Дзанайты Барисы разамындæй ацыд, санкциты уавæрты экономикæйы рæзты фарстаты фæдыл Оперативон штабы æмбырд

Æфтиæгтæ сты 20, 9 млрд сомы, хæрдзтæ та – 20, 3 млрд сомы

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй ацыд, санкциты уавæрты экономикæйы рæзты фарстаты фæдыл Оперативон штабы æмбырд. Æфтиæгтæ сты 20, 9 млрд сомы, хæрдзтæ та – 20, 3 млрд сомы. Профицит 600 милуанмæ хæстæг. Ахæм бæрæггæнæнтæ республикæйы финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Исахъты Олег фехъусын кодта, ацы азы 5 мæйæн республикон бюджет куыд æххæстгонд цæуы, уымæн дзуапп дæтгæйæ. Республикæйы хæрдзты структурæйы раздæрау ахадгæ хай ахсы социалон-культурон блок. Дзанайты Барис ведомствæйæн бахæс кодта, хъалонты федералон службæйы цæгатирыстойнаг хайадимæ иумæйагæй афоныл анализ кæнын, цæмæй республикæйы бюджетмæ æфтиæгтæ афоныл æмæ æххæстæй, цæуой.  Бæрнон цæст дарын хъæуы, цæрджыты цур æппæт социалон хæстæ æххæст кæнынмæ, загъта хицауады сæрдар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania