филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:01 воскресенье, 01 февраля 2026
29 июня 2023, 11:14
Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрадæй Ирыстонмæ æрвыст æрцыд хъæбатырдзины радон хæрзиуæг

Саккаг æй кодтой  Заводскойы цæрæг Хъамболты Аслæнбеджы фырт Игорæн

Йæ хæстон хæс æххæст кæнгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрадæй Ирыстонмæ æрвыст æрцыд хъæбатырдзины радон хæрзиуæг. Хъыгагæн, хъайтары амæлæты фæстæ. Саккаг æй кодтой  Заводскойы цæрæг Хъамболты Аслæнбеджы фырт Игорæн. Уый, 35 аздзыдæй,  барвæндонæй ацыд Фыдыбæстæйы раз йæ хæс æххæст кæнынмæ. Фæлæ, куыд фæзæгъынц – адзалæн мадзал нæй. Æрыгон æфсæддон, дыууæ сывæллоны фыд, мад æмæ фыды ныфсæн, йæ цард аскъуыд хъæбатырæй сæрмагонд операцийы архайгæйæ. «Хъæбатырдзины орден» Игоры  бинонтыл сæмбæлын кодтой Цæгат Ирыстоны æфсæддон комиссарады æмæ 58-æм æфсады минæвæрттæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania