Афтæ 5-æм гимназы хистæркъласонтæ ацы сæрд систы скъолайы лагеры отрядты разамонджытæ
Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг пайдаимæ арвитын бафæнды бирæ скъоладзауты. Бацæуынц рæстæгмæ куыстмæ. Ис, æнахъом сывæллæттæн фæллой кæныны бар кæм ис, уыцы куыстыты номхыгъд. Афтæ 5-æм гимназы хистæркъласонтæ ацы сæрд систы скъолайы лагеры отрядты разамонджытæ. Сæ цæст дарынц кæстæр кълæсты ахуырдзаутæм. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Мæрзаты Аланæ сывæллæттимæ хъæлдзæгæй æрвиты йæ бонтæ. Дзæбæхгæнæн лагеры йæ цæст дары ныр 2 рады хъомылгæнинæгтæм – кæстæр кълæсты ахуырдзаутæм. Кæддæр йæхæдæг дæр афтæ тезгъо кодта йæхи скъолайы. Ныр та сси отряды разамонæг. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ сабибонтæй уый йæ бæллиц уыд. Æмæ йæ кæд фыццаг сразæнгард кодтой, бархиондзинады тыххæй бонустæ, уæд фæстæдæр йæ нысан сси сæрмагондæй сывæллæттимæ куыст.
Дыккаг рад сæмбырд кодта 190 ахуырдзауы. Адих сты 5 отрядыл. Алы сывæллонæн дæр йæ бон у ам йæ рæстæг пайдаимæ арвитын. Ис дзы сфæлдыстадон къордтæ – национ кæфтытæ, шахматтæ, оригами. Уымæй дарддæр ма вæййынц музейты, планетарийы, фæцæуынц æфсæддон-патриотон балцыты, практикæйыл базонгæ вæййынц дæйсныйæдтимæ. 5-æм гимназы арф ахуыр кæнынц англисаг æвзаг, уымæ гæсгæ каникулты дæр сывæллæттæ ацы хъуыддаг æххæст кæнынц. Ахæм ногдзинад лагеры фæзынд фарон.
Иутæ лагеры ссарынц ног хæлæртты, иннæтæ та ардæм æрбацæуынц се *мбæлтты фæдыл, цæмæй фæлладуадзæн рæстæг дæр иумæ арвитой.
Ацы куыст æнцон нæу. Алы сывæллонмæ дæр хъæуы хицæн ахаст. Фæлæ 5-æм гимназы лагеры разамонджытæ сæ размæ æвæрд хæстæ хорз æххæст кæнынц. Хистæркъласонтæ сывæллæттæн лæвар кæнынц сæ зæрдæты хъарм. Гæнæн ис, æмæ уымæн кæстæрты фæфæнды лагеры фылдæр рæстæг фæуын.
Сæрдыгон фæллойадон отрядты архайд у æнахъом сывæллæтты рæстæгмæ куыстæй æххæст кæныны паддзахадон лæггады иу хуыз. Ахуырæй уæгъд рæстæг гæнæн ис афæдзы дæргъы дæр кусын. Профилон комитеты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сывæллæтты фæнды фæллой кæнын. Уый тыххæй куыстдæтджыты хъæуы ацы категорийы минæвæрттæн фылдæр рæстæгмæ ваканситæ дæттын.
Ацы аз фæнд кæнынц куыстæй 1 168 скъоладзауы сæххæст кæнын. Уымæн нысангонд æрцыд 2 милуан æмæ 500 мин сомы. Уыцы фæрæзтæ æнахъом сывæллæттæ исдзысты сæ мыздæй уæлдай материалон æххуысы хуызы.




