Экспозицимæ хаст æрцыдысты Цæллагкаты Фатимæйы акварель æмæ Дзерасса Лозоваяйы ювелирон керамикæ
Тугъанты Махарбеджы номыл аивæдты музейы байгом равдыст «Акватерра». Экспозицимæ хаст æрцыдысты Цæллагкаты Фатимæйы акварель æмæ Дзерасса Лозоваяйы ювелирон керамикæ. Равдыст байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой нывгæнджыты Цæдисы æмæ республикæйы культурæйы министрады минæвæрттæ, аивадиртсасджытæ æмæ аргъгæнджытæ, стæй Дзанайты Азанбеджы номыл аивæдты училищæйы студенттæ. Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Цæллагкаты Фатимæ кусы акварелы техникæйы. Йæ куыстытæ сты тынг цымыдисаг, ирдæй дзы зынынц хуымæтæг, фæлæ уыцы иу рæстæг æмбал кæмæн нæй, ахæм хъуыддæгтæ. Къæвдаты тар хуызтæй ахуырст уынгтæ, хъуынтыз боны ахаст, хуры тынтæ, стæй хурыскаст æмæ хурныгуылд. Алы фæзилæнмæ дæр хæссы хи цæстæнгас æмæ дзы рауайы уацмыс. Акварелæй нывкæныныдæй уæлдай ма равдысты ахсджиаг бынат ахсы керамикæйæ конд дизайнерон аивгæнæнтæ дæр. Уыдоны автор та – республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг Дзерасса Лозовая. Керамикæйæ архайын æнцон хъуыддаг нæу. Ис ын бирæ технологитæ. Фæлæ дзы кæронбæттæны рауайынц алы формæты æмæ хуызты, абарæн кæмæн нæй, ахæм диссаджы куыстытæ.




