филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:34 воскресенье, 01 февраля 2026
04 июля 2023, 12:23
Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон колледжы рауагъдонтæн кадджын уавæры радтой дипломтæ

Мадзал арæзт æрцыд адæмон сфæлдыстады хæдзары

Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон колледжы рауагъдонтæн кадджын уавæры радтой дипломтæ. Мадзал арæзт æрцыд адæмон сфæлдыстады хæдзары. Ацы аз колледжы бацæттæ кодтой 374 специалисты. Ахуыры рæстæг базонгæ сты æрмæст профилон наукæтимæ нæ, фæлæ ма архайдтой бирæ мадзæлтты – профессионалон конкурстæй патриотон акциты онг. Рæзгæ фæлтæры алывæрсыг райрæзт у колледжы сæйраг нысантæй иу. Мадзал аразджытæ куыд загътой, афтæмæй рауагъдонтæ цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон сын фидæны пайдайаг уыдзысты. Кадджын мадзалы архайдта фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania