филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:34 воскресенье, 01 февраля 2026
04 июля 2023, 12:24
Фондз сывæллоны фыд Тембот Шаваев ныр 10 мæйы дæргъы ис фронты

Æрæджы цалдæр бонмæ ссыди сæхимæ

Нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар у фыдыбæстæ хъахъхъæнæг. Фондз сывæллоны фыд Тембот Шаваев ныр 10 мæйы дæргъы ис фронты. Æрæджы цалдæр бонмæ ссыди сæхимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хиуæттæ йыл тынг бацин кодтой. Уæвгæ та Тембот сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ бархионæй ацæудзæн, уый сын уыд æнæнхъæлæджы хъусынæгнинаг. Бæргæ йæ архайдтой бауыромыныл, фæлæ нæлгоймаг йæ хъуыды нæ аивта.

Кæддæриддæр мидбылхудтимæ æмæ фæлмæн цæстæнгасимæ. Раст цыма зындзинад æппындæр никуы федта, æмæ цардыл æппынæдзухдæр цин фæкæны, афтæ. Уæвгæ, Тембот Шаваевæн уый у æнæмæнг æххæстгæнæг домæн. Афтæмæй йын цыма æнцондæр у. Йæ хæстæджытимæ æмæ хиуæттимæ куы вæййы, уæд сæрмагонд æфсæддон оперцийы кой нæ фæкæны. Уымæн æмæ сын уыцы цау куы фехъусын кодта, ома æфсæддон операцийы зонæмæ бархионæй цæуы, уæд ын архайдтой йæ хъуыды аивыныл.

Амондджын бинонтæ, 5 сывæллоны æмæ хорз куыст. Ахæм цард аивын æнцон хъуыддаг нæ уыди, – зæгъы æфсæддон. Фæлæ æндæрхуызон архайын йæ бон нæ баци. Бахъуыд фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ сыстын. Сæрмагонд операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ Тембот уыд бынаты. Йæхи ныхæстæм гæсгæ, йын уæд ын уæлдай зындæр уыди.

Уæвгæ, ахæм уынаффæ кæй рахаста, ууыл никуы фæфæсмон кодта. Кæд йæ хæдзарæй дард уыди, уæддæр ссардта ног æмбæлттæ, æмæ сæ ныр нымайы йæ дыккаг бинонтыл. Æнæ йæ хæстон хæлæрттæй Тембот Шаваев йæ цард нал уыны. Раст æцæг æфсымæртау æрбалæууынц кæрæдзийы фарсмæ, æмæ сæ алчидæр иннæмæн у ныфсы хос.

Иу минут дæр дызæрдыг æмæ фæсмон кæнынæн рæстæг нæй. 10 мæйы дæргъы Тембот Шаваев йе мбæлттимæ æххæст кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстæ. Иууылдæр иумæ бæллынц уæлахизмæ æмæ сабыр цардмæ. Уыцы бæллиц кæй сæххæст уыдзæн, уый та сæ уырны фидарæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania