Семæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд
Хи хъуыддаг куыд ис байгом кæнын? Ацы фарста бирæтæн у цымыдисаг. Райдайæн та ис чысыл хъуыддагæй. Хоббийæ дæсныйад куыд райрæзын кæнæн ис, паддзахадæй æххуыс райсын æмæ хиархайæг суæвын куыд ис, уый хорз зонынц нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ. Семæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд.
Цыхт ацы хæдзары вæййы, куыд дзул, афтæ алы бон дæр. Æнæ уымæй никуыд. Сæйрагдæр та уый у, æмæ дзы æппындæр химикаттæ нæй, конд у уарзондзинадимæ. Хæдзары уавæрты цыхт кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Чысыл тыхтæ æмæ гæнæнтæ нæ хъæуы, сæйрагдæр та – рæстæг.
Моцарелла, сулугуни… Дзбойты Зæлинæ кæны ацы æхсыры продукты алы хуызтæ. Афæдзы размæ дæр ма, йæ цæлгæнæнæй æцæг цыхстахсæн кæй рауайдзæн, уый æнхъæл нæ уыд. Фыццаг ын ацы куыст уыд ирхæфсыны хуызы. Йæ архайд фæуæрæхдæр кæнынмæ Зæлинæйы сразæнгард кодта йæ цардæмбал. Уæдæй фæстæмæ йæ хъуыддæгтæ хорз цæуынц.
Хæрзхъæд æмæ, сæйрагдæр та, пайдайаг хойрæгтыл кæддæр æрхъуыды кодта Анастасия МинакОва дæр. Хæдзары уавæрты райдыдта зайын кæнын чысыл басгæрдæг. Фыццаг сæ дардта йæ рудзынджы тæрхæгыл, уый фæстæ сын самал кодта хицæн агъуыст.
Хи архайд чи кæны, уыдоны нымæц республикæйы фылдæр кæны. 2024-æм азмæ пъланмæ гæсгæ хъуамæ регистрацигонд æрцæуа 4 мин адæймагæй фылдæр. Ныридæгæн сты 34 мины фылдæр. Регион хæс сæххæст кодта уæлдайджынтæй.
Программæйы сæйрагдæр хорздзинад у, хи хъуыддаг рæзын кæнын æнцондæр кæй сси. Хиархайæджы статус райсын афтæ зын нæу, сæйрагдæр хъуамæ уа тырнындзинад.




