Министрадты минæвæртæ бабæрæг кодтой сæ ведомствæты бæрны объекттæ
Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырд ацы хатт арæзт æрцыд Æрæфы районы. Министрадты минæвæртæ бабæрæг кодтой сæ ведомствæты бæрны объекттæ. Хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь æркаст Цыколайы физкультурон – дзæбæхгæнæн комплексы арæзтадон куыстытæм. Комплекс байгом уыдзæн сентябры. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан аргъ скодта, национ проект «Æнæниздзинадхъахъхъæнынад»-ы фæлгæты цы рынчындон сцалцæг кодтой, уымæн. Адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ та бабæрæг кодта районы куыст дæттыны центр. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис æркаст, Цыколайы алыварс цы фæндаг аразынц, стæй, проект «Аланийы æхсæр»-ы фæлгæты цы бæлæстæ ныссагътой, уыдонмæ. Уый фæстæ сарæзтой æмбырд. Æрдзырдтой дзы Æрæфы районы социалон – экономикон райрæзтыл, стæй ивгъуд азæн скодтой хатдзæгтæ.




