филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:59 воскресенье, 01 февраля 2026
06 июля 2023, 12:08
Нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар у Хъаныхъуаты Владимир

Тæрхондоны куыст баивта æфсæддоныл

Йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ, сыстади йæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ. Нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар у Хъаныхъуаты Владимир. Тæрхондоны куыст баивта æфсæддоныл. Бархионæй ацыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Цæмæ гæсгæ равзæрста ахæм цардвæндаг, æмæ куыд æрвиты йæ службæйы бонтæ, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Æфсæддон Хъаныхъуаты Владимирæй рох дæр ма фæци, проспекты æнæмæтæй атезгъо кæнын куыд у, уый. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацыд ивгъуыд аз сентябры. Уæд аластой гуманитарон æххуыс, æмæ дзы фæци æртæ къуырийы. Уыцы мгъуыдмæ йæ бамбæрста, йæ бынат ам кæй ис, уый. Владимир ныууагъта йæ куыст, æмæ бархионæй ацыд «Ветеранты» батальонмæ. Фронты, зæгъæн ис, æмæ ссардта æцæг æмбæлтты. Йæхи ныхæстæм гæсгæ, мæлæтæй нæ тæрсы. Уымæй тæссагдæр у йе мцæдисон æмбæлттæн фæндараст зæгъын.

Уæвгæ, æфсæддонтæм ис сæхи закъæттæ. Сæ иу – тохы размæ къамтæ исæн нæй. Уæдæ нæй ном ивæн дæр. Владимиры ныхæстæм гæсгæ, иу ахæмы йе мслужбæгæнæг аивта йæ ном, æмæ уыцы бон фæци æхстыты бын, æмæ фæцæф. Ахæм историтæ иу æмæ дыууæ не сты. Уый хуымæтæджы нæу, – зæгъынц æфсæддонтæ.

Фронты уæвгæйæ, службæгæнджытæ бирæ цæуылдæрты æууæндынц. Æхстыты бынмæ алы салдат дæр æууæнды хуыцауыл.

Гуманитарон æххуыс Хъаныхъуаты Владимиримæ аласта йе мбал. Бæдтиаты Аланимæ иумæ ахуыр кодтой скъолайы. Иумæ ацыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ дæр. Алан бафиппайдта, йе мбал тынг кæй аивта, уый.

Хъаныхъуаты Владимиры истори зынгæ нæ хицæн кæны, иннæ милуангай æфсæддонты историйæ. Уыдонæн сæ сæйрагдæр хæс у уæлахизмæ тырнын, райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын æмæ йын сæрбæрзондæй лæггад кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania