филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:01 воскресенье, 01 февраля 2026
06 июля 2023, 12:09
Сырх-Дыгуры культурæйы артдзæсты къулыл сагъд æрцыд, йæ раздæры директор, Дигойты Таисæйы номарæн фæйнæг

Уый æнусы рдæгмæ хæстæг разамынд лæвæрдта ацы фæлладуадзæн бынатæн.

Йæ ном цæрдзæн, йæ удвæллой та йын фæлтæртæ хъуыды кæндзысты. Сырх-Дыгуры культурæйы артдзæсты къулыл сагъд æрцыд, йæ раздæры директор, Дигойты Таисæйы номарæн фæйнæг. Уый æнусы рдæгмæ хæстæг разамынд лæвæрдта ацы фæлладуадзæн бынатæн. Фæйнæг байгом кæныны кадджын мадзалы уыд Сосранты Жаннæ дæр, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Дигойты Азæйæн, Сырх-Дыгуры культурæйы артдзæстмæ бацæугæйæ, йæ цæстытыл ауайы  йæ сабибонты  рæстæг. Йæ мад Дигойты Таисæ йæ царды фылдæр хай балæвар кодта ацы бæстыхайы рæсугъд фидæныл куыстæн.

Канд Тъуриты Константины уды нæ баззадысты Дигойты Таисæйы рæдау хъуыддæгты мысинæгтæ, фæлæ ма кæимæ куыста, уыдоны мысинæгты дæр бæрæг дарынц Таисæйы рæдау хъуыддæгты хабæрттæ.

Уæвгæ Таисæйы цардвæндаг кæд æнцондæртæй нæ уыд, уæддæр йæ уды рæсугъд миниуджытæ нæ фесафта. Бирæсывæллонджын бинонты хъомылгæнинаг, æхсæнадмæ  æдзухдæр, хаста райдзаст æнкъарæнтæ, рæстдзæвин хъуыдытæ. Йæ уыцы миниуджытæ хъуыды кæнгæйæ Сырх –Дыгуры сæргълæууæг æмæ депутатты бафæндыд Таисæйы ном сæнусон кæнын. Культурæйы хæдзары къулыл ын номарæн фæйнæг бафидар кæнын.  Къæйдур байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд йæ чызгæн  æмæ хъæуы сæргълæууæг Хадаты Мариккæн. Таисæ  цы стыр æвæрæн хаста хъæуы фæсивæды сфæлдыстадон райрæзтмæ, уый уыд æгæрон. Фондз сабийы мад æхæссыди йæ бинонтыл дæр æмæ йæ куыстыл дæр, зæгъынц чи йæ зыдта, уыдон иуы хуызæн.

Мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæтæ се сфæлдыстадæй барухс кодтой Цыколайы культурæйы галуаны, стæй Сырх-Дыгуры культурæйы артдзæсты сфæлдыстадон къордтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania