Фæндыд сæ базонын, сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг куыд арæзт æрцыд, уый
Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон Советы уæнгтæ кусæг балцы рæстæг бабæрæг кодтой скъолаты лагерьтæ. Фæндыд сæ базонын, сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг куыд арæзт æрцыд, уый. Бабæрæг кодтой горæты 27-æм, 6-æм æмæ 18-æм скъолатæ. Æхсæнадон кусджыты ныхæстæм гæсгæ, фæлладуадзæн кампани цæуы æмбæлгæ æмвæзадыл. Сывæллæтты зæрдæмæ тынг цæуы скъолаты лагерьтæм цæуын. Уый та уымæн, æмæ сын конд æрцыдысты æппæт æмбæлгæ уавæртæ. Фыццаджыдæр – хæрзхъæд æмæ хæрзад хæринаг. Уымæй дарддæр стыр æргом здæхт цæуы се нæниздзинадмæ. Алы бон дæр сын райдайы зарядкæйæ, стæй сын уæд саразынц алыхуызон спортивон мадзæлттæ. Уæдæ зæрдиагæй абалц кæнынц музейтæм, кванториуммæ, технопаркмæ. Бабæрæг кæнынц алыхуызон историон бынæттæ дæр. Зæгъæм, 6-æм скъолайы та алы сабаты лагерьмæ æрбацæуынц, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ. Семæ фæкусынц тьютертæ. Уымæй дарддæр фæархайынц алыхуызон ирхæфсæн мадзæлтты дæр.




