филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:15 вторник, 16 декабря 2025
04 августа 2023, 11:37
Хицауады Сæрдары разамындæй ма арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд

Ныхас дзы цыд, инфраструктурон бюджетон кредиттæй царды цы проекттæ уадзынц, уыдоныл

Хицауады Сæрдары разамындæй ма арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Ныхас дзы цыд, инфраструктурон бюджетон кредиттæй царды цы проекттæ уадзынц, уыдоныл. Ахæм паддзахадон æххуысы фæрцы Цæгат Ирыстоны кусынц 4 инвестпроектыл. Баст сты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, туризмы æмæ рекреацийы къабæзтимæ. Бæлвырддæр та – Дзæуджыхъæуы фæндæгтæ, инженерон-коммуналон инфраструктурæ, Терчы былгæрæтты аивдзинад. Уымæй дарддæр ныртæккæ рацарæзт цæуы фистæгæуцæджыты хид, аквакомплекс, стæй бирæвæрсыг туристон-рекреацион комплекс «Кæхтысæр» Дæргъæвсы. Инвесторты æмæ подрядон организациты минæвæрттæ радзырдтой ныртæккæ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт фарстатæ дæр хъуамæ лыггонд цæуой афоныл, æмæ бæлвырд æмгъуыды фæткмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania