филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:30 воскресенье, 01 февраля 2026
08 августа 2023, 11:40
Барбашовы фæзы ацыд, Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы райгуырды 105 азы кадæн номарæн мадзал

Архайдтой дзы æхсæнадон организациты æмæ ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ, стæй культурæйы архайджытæ

Барбашовы фæзы ацыд, Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы райгуырды 105 азы кадæн номарæн мадзал. Архайдтой дзы æхсæнадон организациты æмæ ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ, стæй культурæйы архайджытæ. Музыкалон программæйы фæлгæты хъуыстысты æфсæддон зарджытæ æмæ патриотон æмдзæвгæтæ. 58-æм æфсады орекстры æмæ Уæрæсейы гвардийы оркетры солист Бестауты Алыксандр азарыдысты æфсæддон зарæг «Барбашовы фæз». Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы ном зонгæ у Цæгат Ирыстоны алы цæрæгæн дæр. Æрыгон командæгæнæг фашисттæй хъахъхъæдта Дзæуджыхъæу, æндæр гæнæн куы нал уыд, уæд уæлахизы сæраппонд йæхи цард нæ бавгъау кодта.  1942-æм азы 9-æм ноябры йæхицæй бамбæрзта рæмудзæн æрмæг. Бирæ азтæ рацыд, фæлæ уæддæр Петр Барбашовы ном цæры адæмы зæрдæты. Æмæ йын ферох кæнæн дæр нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania