08 августа 2023, 11:42
«Иугонд Уæрæсе» мониторинг кæны, фистæгæйцæуджытæ фæндаджы сæрты кæм хизынц, уыцы бынæтты æдасдзинад
Кусæг къорд æнæхъæн мæй зилдзысты объекттыл æмæ æмбырд кæндзысты закъонхæлдтытæ
«Иугонд Уæрæсе» мониторинг кæны, фистæгæйцæуджытæ фæндаджы сæрты кæм хизынц, уыцы бынæтты æдасдзинад. Партийы активисттæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы кусджытимæ бабæрæг кæндзысты скъолатæ, рæвдауæндæттæ, рынчындæттæ æмæ социалон нысаниуæг кæмæн ис, æндæр ахæм объектты цур фæндаджы сæрты ахизæн бынæттæ. Кусæг къорд æнæхъæн мæй зилдзысты объекттыл æмæ æмбырд кæндзысты закъонхæлдтытæ. Уый фæстæ информаци ратдзысты горæты администрацимæ. Ахуыры азы райдианмæ æппæт аиппдзинæдтæ дæр хъуамæ лыггонд æрцæуой. Мониторинг цæуы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон проект «Æдас фæндæгты» фæлгæты.
темæмæ гæсгæ




