филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:30 воскресенье, 01 февраля 2026
09 августа 2023, 11:33
Дыгургомы сбæрæг кодтой Зæдæлескы Нанайы бæрæгбон

Рагон заманы таурæгъмæ гæсгæ, Тимуры æфсæдтæ 14-æм æнусы Аланимæ куы рбабырстой, уæд легендарон сылгоймаг сæмбырд кодта хæхты цæрæг сидзæр сывæллæтты æмæ сæ бахъахъхъæдта

Дыгургомы сбæрæг кодтой Зæдæлескы Нанайы бæрæгбон. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы  указмæ гæсгæ нырæй фæстæмæ официалон æгъдауæй сси Ирыстоны национ бæрæгбон. Рагон заманы таурæгъмæ гæсгæ, Тимуры æфсæдтæ 14-æм æнусы Аланимæ куы рбабырстой, уæд легендарон сылгоймаг сæмбырд кодта хæхты цæрæг сидзæр сывæллæтты, бирæ ирыстойнаг мыггæгты минæвæртты, æмæ сæ бахъахъхъæдта. Нанайы ном ссарынмæ Зæдæлескмæ æрбацæуынц æрмæст Дыгургомы цæрджытæ нæ, фæлæ æппæт республикæйæ уазджытæ æмæ ма суанг иннæ регионтæй туристтæ дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хæхты – бæрзонд, хуры ирд тынты бын æмæ быдыры дидинджыты хсæн ис уыцы бынат. 14-æм æнусы ам Тимуры æфсадæй æмбæхстысты чысыл сабитæ æмæ сæ Нана. Сылгоймаг ацы æнæзынгæ лæгæты бамбæхста сидзæр сывæллæтты æмæ афтæмæй бахъахъхъæдта Ирыстоны фидæн.

Уый уыд цалдæр æнусы размæ. Абон Зæдæлескы, легендарон сылгоймаг кæдæм æрбацыд, уыцы хъæуы йын стыр кад кæнынц. Майрæмы мæйы фыццаг сабат ам алкæмæндæр сæрмагонд бон у. Бæрæгбонмæ рагагъоммæ цæттæ кæнын райдайынц. Нæлгоймæгтæ фæкæнынц кусæрттаджы кой, сылгоймæгтæ бафснайынц историон бынат, фæфыцынц чъиритæ. Фæлæ сæйрагдæр у уды сыгъдæгдзинад, ацы хъуыддæгтæ æнæмæнг æххæст кæнын хъæуы хорз хъуыдытимæ.

Зæдæлескы Нанайы хонынц алайнаг мыггаджы ирвæзынгæнæг, у кæстæр фæлтæрыл аудæг. Афтæ кæсы, цыма ныфсхаст сылгоймаг алцыдæр кодта, цæмæй Ирыстон дарддæр цæра æмæ рохуаты макуы баззайа. Æрвылаз Зæдæлескмæ æрбацæуы сæдæгай адæймæгтæ – республикæйы цæрджытæ æмæ туристтæ, цæмæй сидзæр сывæллæтты чи сæмбырд кодта, æмæ сын дыккаг цард чи балæвар кодта, уымæ скувой.

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы указмæ гæсгæ, Зæдæлескы Нанайы бæрæгбон ацы азæй фæстæмæ официалон æгъдауæй сси Ирыстоны национ бæрæгбон. Уымæ гæсгæ йæ парахатдæрæй сбæрæг кодтой. Мадзал саив кодта зæрæггæнджыты къордты фестиваль «Мæ зæрдæ хæхты». Йæ архайджытæ ам уыдис концерт.

Райгуырæн зæхмæ æгæрон уарзты æмæ цавæрфæнды зындзинæдтæн дæр фæразыны символ. Зæдæлескы Нана сси, фæлтæрæй-фæлтæрмæ дзурын кæй тыххæй фæнды, ахæм легендарон адæймаг.

Гæнæн ис, æмæ хæрзæрыгон чызг, гæнæн та ис, æмæ карджын сылгоймаг. Зæдæлескы Нанайы кар æмæ конд абон бæлвырд ничиуал зоны. Фæлæ йын цы уды тых разынд, уый алкæмæндæр зындгонд у. Æмæ ма бирæ азты рох нæ уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania