Хуыйнц халаттæ, сæрмагонд уæлæдарæс, быйынц хъазæнтæ
Волонтерты æхсæнад «Шьем и вяжем для наших. С любовью из Осетии» активонæй архайы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы службæгæнджытæн баххуыс кæныныл. Хуыйнц халаттæ, сæрмагонд уæлæдарæс, быйынц хъазæнтæ. Сæ сæйрагдæр нысаныл нымайынц зæрдæйы хъарм фронтмæ бахæццæ кæнын. Уымæн æмæ се ппæт дæр иумæйаг хъарутæй тырнынц уæлахизмæ æмæ райгуырæн бæстæйы рухс фидæнмæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Мады фæлмæн къухтæ аудынц 10-аздзыд Мирославæйы архайдыл. Ацы æрмадзы волонтертæ хуыйынц уæлæдарæс сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Афтæмæй иумæйаг хъуыддагмæ йæ чысыл æвæрæн хæссы сывæллоны æргом зæрдæ. Мирославæ йæ зоны, йæ зæрдиаг архайд кæй схъарм кæндзæн йæ хæстæджыты æмæ ма сæдæгай салдæтты фронты.
Сæрмагонд æфсæддон операци куыддæр райдыдта, афтæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ сыстадысты Верæйы цардæмбал æмæ æфсымæр. Куыд зæгъы, афтæмæй уæд æвæстиатæй хъуыды кæнын райдыдта, куыд баххуыс кæнын у йæ бон йæхицæн та. Йе мбалимæ балхæдтой хъуымац. Иу кæрдын райдыдта, иннæ та хуыйын. Иу дзырдæй алцыдæр кодтой, цæмæй хæстонтæн се ххуысы хай бадæдтой, уый тыххæй.
Чызджытæ исынц хицæн заказтæ дæр. Ома бæлвырд ас æмæ уæзæн. Æппæт дзаумæттæ рвитынц фронтмæ. Уыимæ рвыст цæуынц алы хуызты. Чи йæхæдæг ссæуы отпускы, кæмæн дæр та æрвыстæг арвитынц. Хатгай та сæхæдæг аласынц сæхи хуыд дзаумæттæ бынатмæ. Ам ма зæгъын хъæуы уый, æмæ хъуымæцтæ æмæ æндæр хъæугæ кусæнгæрзтæ волонтертæ балхæнынц республикæйы зæрдæхæлар адæмы фæрæзтæй. Мастертæ сæхæдæг та сæ куыстæн æхца нæ исынц.
Рæстæгмæ самал кодтой уæгъд бæстыхай. Ис дзы æрмæстдæр иунæг хуыйæн машинæ. Фæлæ афтæмæй дæр чызджытæ-волонтертæ цæттæ кæнынц хъарм мидæггæтæ, хæлæфтæ æмæ æндæр уæлæдарæс. Уæлдай тынгдæр та æфсæддонты зæрдæмæ фæцыдысты, ныхмæлæууæг кæй нæ раиртасдзæн, ахæм костюмтæ.
Ам егъау стъолы уæлхъус чызджытæ кæнынц зæрдиаг фæллой.
Фидар хъуымацæй аразынц лентытæ. Дыууæрдыгæй сæ фæлыг кæнынц, æмæ сæ аласынц кæсагахсæн хызы. Бафидар æй кæнынц. Ахæм хуызтæ хуыйынц центрон парчы. Уыимæ ардæм æрбацæуынц, фронты æмæ фæсчъылдымы архайджытæ иу хъуыддаг чи аразы, уыцы хъуыдыйыл хæст се ппæт дæр.
Æрмдæснытæ æфсæддон операцийы зонæмæ арвыстой сæдæгай хызтæ, æмæ райстой зæрдиаг арфæтæ. Уымæн æмæ хызтæ салдæтты бахъахъхъæнынц дронтæй. Кæд ыл тепловизор вæййы, уæддæр.
Адон та сты сæрмагондæй ампулæтæн конд. Æфсæддонтæ сын скодтой аккаг аргъ, уымæн æмæ у фидар дзаума. Æмæ ма суанг йæ бон у цард аирвæзын кæнын дæр.
Екатеринæ зæгъы, уарзы быйын. Уый фæрцы йæ катай фæцыдæр вæййы. Йæхи къухтæй сбыдта мæнæ ацы æрсыты. Ныридæгæн сæ бирæтæ базыдтой социалон хызты дæр. Æфсæддонтæ дæр сæ бауарзтой, æмæ сæм фенхъæлмæ кæсынц. Семæ сæ фæдарынц фронты тæссагдæр рæтты.
Салдæттæн Верæимæ иумæ æххуыс кæнынц Дзæуджыхъæуы æмæ Цæгат Ирыстоны алы районты цæрæг сæдæгай сылгоймæгтæ. Уæвгæ ма бирæты бафæндид се ххуысы хай бахæссын, фæлæ сын бæстыхæйттæ нæ фаг кæнынц. Уый нæ хынцгæйæ волонтертæм ис стыр нысантæ.




