10 августа 2023, 12:06
Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты залы байгом вернисаж «Эпосы хъайтартæ»
Ис дзы куыд зындгонд, афтæ æрыгон авторты куыстытæ дæр
Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты залы байгом вернисаж «Эпосы хъайтартæ». Ис дзы куыд зындгонд, афтæ æрыгон авторты куыстытæ дæр. Экспозицийы ис 80 аивадон уацмысæй фылдæр. Сты алыхуызон техникæты конд – нывкæнынад, скульптурæ, графикæ æмæ декоративон – æрмдæсныйад. Равдыст саразджыты фæндыд аивадуарзджытæн равдисын фольклоры бындурыл арæзт Нарты кадджыты хъайтарты. Нывтæ иууылдæр сты алыхуызон се сфæлдыстадон ахорæнтæй æмæ стилæй, фæлæ сæ алкæцы дæр æвдисы кадджыты хъайтарты хъæбатырдзинад. Равдыст сарæзтой, Нартиадæйы аз æххæст кæнгæйæ. Бакæсæн æм уыдзæн 3-æм сентябры онг.
темæмæ гæсгæ




