Йæ бинонтимæ цæры Санкт-Петербурджы
Чингуытæ уарзы нæ дарддæры æрмæджы хъайтар дæр. Уый нæ, фæлæ ма йæхи фæлвары сфæлдыстады дæр. 11-аздзыд чызг Анастасия Зайцева фыссы аргъæуттæ. Йæ бинонтимæ цæры Санкт-Петербурджы. Ацы аз бацæудзæн 5-æм къласмæ. Æрыгон автор фембæлд журнал «Ногдзау»-ы редактор Сæлбиты Дианæимæ. Баныхас кодтой æмгуыстадыл. Фидæны хъуамæ йæ аргъæуттæ ацы журналы фæрстыл дæр мыхуыргонд æрцæуой. Æмæ уæд нæ республикæйы сабитæ дæр базонгæ уыдзысты йе сфæлдыстадимæ.
Курдиатджын адæймаг курдиатджын алцыппæтæй дæр вæййы, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ загъдæуы. Иутæн дзы сæ курдиат æрыгонæй рабæрæг вæййы. Иннæтæн райхæлы фæстæдæр. 11-аздзыд чызг Анастасия Зайцева фыссы аргъæуттæ. «Невский альманахы» фæрстыл ын ныридæгæн бакæсæн уыдис уыдонæй дыууæ: «Добряк» æмæ «Когда исполняются мечты», зæгъгæ. Мыхуырмæ цæттæ у йе *ртыккаг аргъау «Æхсæртæг æмæ Залихан» дæр. Ацы уацмысы хъайтартæн автор ирон нæмттæ хуымæтæджы нæ равзæрста. Бетъырбухы цæргæйæ, Настяйы зæрдæйы ис æнæкæрон уарзондзинад Ирыстонмæ. Уый райгуырди Дзæуджыхъæуы, у Хъантемыраты хæрæфырт. 5 азы йыл куы цыд, уæд Зайцевты бинонтæ алыгъдысты цæрынмæ Санкт-Петербургмæ.
Ацы аз Настя бацæудзæн 5-æм къласмæ. 1-æм къласæй 4-ммæ скъолайы ахуыр кодта иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Уымæй уæлдай курдиатджын чызг фæцалх англисаг æвзаг, цæуы кафджыты къордмæ, уарзы ленк кæнын дæр. Сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнгæйæ бауарзта ныв кæнын. Уалдзæг, арс хъæды, мæлхъ, мариинаг театр, дюймовочкæ –йæ куыстытæ бацахсынц фыццаг бынæттæ æрыгон нывгæнджыты конкурсты.Анастасия Зайцева куыд зæгъы, афтæмæй уал йæ фидæны дæсныйадыл бæлвырд нæмæ ахъуыды кодта, Чызджы зæрдæмæ цæуы алывæрсывг сфæлдыстыданон куыст.
Æрыгон автор фембæлд жæрнал «Ногдзау»-ы редактор Сæлбиты Дианæимæ. Фидæны хъуамæ йæ аргъæуттæ ацы журналы фæрстыл дæр мыхуыргонд æрцæуой. Æмæ уæд нæ республикæйы сабитæ дæр базонгæ уыдзысты йе сфæлдыстадимæ.
Сæлбиты Дианæ куыд загъта, уымæ гæсгæ журнал «Ногдзау» тырны ног литературон стъалытæ байгом кæнынмæ. Уый тыххæй редакци парахат кæны æрыгон авторты сфæлдыстад. Уыдонæн сæ радзырдтæ, аргъæуттæ, æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цæуынц журналы фæрстыл. Редакцийы ног проекттæ та сабиты æмхиц кæнынц ирон литературæмæ, сæ курдиатджындæрты та – разæнгард кæнынц сфæлдыстадон куыстмæ.
Сæрдыгон ахуырæй уæгъд рæстæг Настя æрвиты Ирыстоны. Йæ мады мад Хъантемыраты Эллæ йын æвдисы Дзæуджыхъæуы аивдæр бынæттæ. Æмæ Настяйæн йæ зæрдæмæфæндаг с цы рæсугъд нывтæ ссарой, уыдон таæвдыст æрцæудзысты йе сфæлдыставады. Иутæ дзы конд уыдзысты хуызджын ахорæнтæй, иннæтæ тыххæй та бакæсæн уыдзæн йæ ног аргъæутты.




