филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:18 воскресенье, 01 февраля 2026
15 августа 2023, 11:45
Заманхъулы сбæрæг кодтой Дурджын бæрзонд Лæгты дзуары бон

Æрвылаз æй фæбæрæг кæнынц Майрæмы мæйы 2-аг хуыцаубоны

Заманхъулы сбæрæг кодтой Дурджын бæрзонд Лæгты дзуары бон. Æрвылаз æй фæбæрæг кæнынц Майрæмы мæйы 2-аг хуыцаубоны. Бынæттон цæрджытæн у хъæуы сæйрагдæр цаутæй иу. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй у æргом дзуар, æмæ сын кæддæриддæр æххуыс фæкæны. Бæрæгбонмæ хуынд æрцыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Афтæ хъæлдзæг æмæ æнгомæй Заманхъулы сбæрæг кодтой хъæуы сæйраг бæрæгбон – «Дурджын бæрзонд Лæгты дзуары бон». Æрвылаз Майрæмы мæйы 2-аг хуыцаубоны ам æрæмбырд вæййынц бынæттон цæрджытæ, Заманхъулæй рацæугæ адæм, иннæ хъæутæй уазджытæ.

Раздæр бæрæгбон бæрæг кодтой кувæндоны. Фæлæ зындзæуæн бынаты ис æмæ-иу дзы æрмæстдæр нæлгоймæгтæ уыдысты. Цæрджытæ сфæнд кодтой æмæ хъæуы снысан кодтой сæрмагонд бынат, цæмæй бæрæгбоны архайыны фадат уа сылгоймæгтæн æмæ сывæллæттæн дæр.

Хистæрты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй адæм æнгомдæр кæнынц, стæй кæстæр фæлтæрмæ æгъдæуттæ хуыздæр хæццæ кæнынц. Сæрмагондæй кувæндонмæ та араст вæййы цалдæр нæлгоймаджы æмæ Лæгты дзуарыл хъæубæстæ бафæдзæхсынц.

Бæрæгбонмæ рагагъоммæ фæцæттæ кæнынц. Равзарынц бæрнон адæймаджы, мадзалæн дзуапп чи фæдæтты, уый. Адæм кувæн бынатмæ æрбацæуынц æртыгай чъиритимæ æмæ мысайнæгтимæ, сæйрагдæр та – сыгъдæг хъуыдытимæ. Хистæр Лæгты дзуармæ скувы, цæмæй бæстæ сабыр уа, уый тыххæй.

Ацы хатт куывдтытæ хицæн кæнынц. Ныртæккæ Заманхъулæй 11 адæймаджы сты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Лæгты дзуармæ кувгæйæ, хистæртæ, фыццаджыдæр, уыдоны æнæниздзинадыл аудынц. Уæвгæ, бынæттон цæрджытæ куыд дзурынц, афтæмæй Дурджын бæрзонд Лæгты дзуар заманхъуйлæгтæн кæддæриддæр æххуыс кодта.

Ивта бæрæгбоны бынат, йæ цавæрдæр æгъдæуттæ, æнæивгæ баззад æрмæстдæр заманхъуйлæгты уырнындзинад сæ дзуарыл. Сæ царды æппæтæй ахсджиагдæр цауты размæ йæм сæ куывдтытæ  фæхæццæ кæнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania