филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 суббота, 31 января 2026
15 августа 2023, 11:46
«Московский комсомолец» сбæрæг кодта театралон премийы лауреатты

Афтæмæй Вахтанговы хæдзар-музей – нæ бæстæйы хуыздæр культурон цау, Мæскуыйаг театры директор Кирилл Крок та нымад æрцыд афæдзы адæймагыл

Евгений Вахтанговы хæдзар-музей кæй байгом Дзæуджыхъæуы, уый нымад æрцыд Уæрæсейы культурон царды сæйрагдæр цауыл. «Московский комсомолец» сбæрæг кодта театралон премийы лауреатты. Афтæмæй Вахтанговы хæдзар-музей – нæ бæстæйы хуыздæр культурон цау, Мæскуыйаг театры директор Кирилл Крок та нымад æрцыд афæдзы адæймагыл. Театры артисттæ æмæ æмбæлттæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæн балæвар кодтой стыр æмæ цымыдисаг концерт. Уымæй байгом ног культурон объект. Равдыстой дзы зындгонд режиссеры цадвæндаг ацы дæсныйады. Дзæуджыхъæуккаг сценæмæ рацыдысты Мæскуыйы, Евгений Вахтанговы театры ирд стъалытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, мæйы размæ ма Вахтанговы театр райста Мæскуыйы театралон преми «Хрустальная Турандот»-ы сæрмагонд приз. Уыцы хæрзиуæджы аккаг сси проект «Вахтангов. Путь домой». Уый æххæст кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы бындуронæй сног кодтой зындгонд режиссеры райгуырæн хæдзар. Статуэткæ нæ республикæмæ сласта мæскуыйаг театры директор Кирилл Крок, æмæ йæ кадджын уавæры радта хæдзар-музейæн. Æмæ кæд Мæскуыйы театралон сезон сæхгæнынц преми «Хрустальная Турандот»-æй, уæд Дзæуджыхъæуы та, зæгъæн ис, æмæ сезон бакæндзысты уымæй. Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ 32 азмæ премийæ хорзæхджын кодтой æрмæстдæр театралон равдыстытæ, актерты æмæ режиссерты куыстытæ æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ ныр та, фыццаг хатт уыцы хæрзиуæджы аккаг сси проект «Вахтангов. Путь домой». «Хрустальная Турандот» у сфæлдыстадон кусджыты ног бæрзæндтæм хизыны разæнгардгæнæн фæрæз. Уыцы ахсджиаг цау æхсызгон уыд канд сфæлдыстадон кусджытæн нæ, фæлæ ма аивадуарзджытæн дæр. Кадджын хæрзиуæг Евгений Вахтанговы хæдзар – музейы кад систа ноджы бæрзонддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania