филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 воскресенье, 01 февраля 2026
16 августа 2023, 11:46
Пятигорскы форум «Машук»-ы мин педагогæй, волонтерæй æмæ студентæй фылдæр æппæт Уæрæсейæ цæттæ кæныныц сæ проекттæ хъахъхъæнынмæ

Фыццаг хатт архайджыты хыгъды æрмæст профессионалтæ нæ, фæлæ ма скъоладзаутæ дæр

Пятигорскы форум «Машук»-ы мин педагогæй, волонтерæй æмæ студентæй фылдæр æппæт Уæрæсейæ цæттæ кæныныц сæ проекттæ хъахъхъæнынмæ. Фыццаг хатт архайджыты хыгъды æрмæст профессионалтæ нæ, фæлæ ма скъоладзаутæ дæр. Уыдонæн бацæттæ кодтой алыхуызон тематикон ахуырадон фæзтæ. Цæгат Ирыстонæй форумы архайы 60 адæймаджы. Фыццаг рад ахæсдзæн 19-æм августмæ. Баст у ахуырадон модуль «Сабидуг»-имæ. Архайджытæн уыдзæн цымыдисаг программæ, ахуыртæ, базондзысты кæрæдзийы фæлтæрддзинады тыххæй. Ацы хатт фæсивæдон мадзал сбастой Уæрæсейы педагогы æмæ зондамонæджы азимæ. Суыдзæн зонындзинæдты центр «Машук»-ы программæйы хай. Педагогы дæсныйады райрæзты æппæтæй ахсджиагдæр фарстатыл æрдзырдтой æрыгон ахуыргæнджытæ, стæй студенттæ, библиотекарьтæ, экскурситæаразджытæ, хъомылгæнæн куысты фæдыл уынаффæгæнджытæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ. Сæ нысан у, æркæсын ахуырадон циклы æппæт процессмæ, ома, скъолайæ райдай æмæ фидæны дæсныйадæй фæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania