16 августа 2023, 11:47
Цæгат Ирыстон цæттæ кæны республикæйы равзæрды 100 азы бон сбæрæг кæнынмæ
Бæрæгбоны мадзæлттæ ацæудзысты иннæ аз
Цæгат Ирыстон цæттæ кæны республикæйы равзæрды 100 азы бон сбæрæг кæнынмæ. Бæрæгбоны мадзæлттæ ацæудзысты иннæ аз. Программæйы домæнтæ æххæст кæнгæйæ, сараздзысты культурæйы бонтæ, нырыккон ирон нывгæнджыты равдыстытæ, æфсæддон-патриотон мадзæлттæ æмæ æндæртæ. Бæрæгбоны кадæн рауаддзысты сæрмагонд æфсæйнаг æхца. Хæстæгдæр рæстæг сæрмагонд къамис бацæттæ кæндзæн æмæ равдисдзæн ирхæфсæн мадзæлтты бæлвырд пълан.
темæмæ гæсгæ




