филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 воскресенье, 01 февраля 2026
17 августа 2023, 11:56
Уæллаг Ларсы арæны сæрты ахизыны пункты рацарæзт кæронмæ æрхæццæ кæны

Уый нымайгæйæ гæнæн ис æмæ ранæй-рæтты рæстæгмæ æруыромой машинæты змæлд

Уæллаг Ларсы арæны сæрты ахизыны пункты рацарæзт кæронмæ æрхæццæ кæны. Уый нымайгæйæ гæнæн ис æмæ ранæй-рæтты рæстæгмæ æруыромой машинæты змæлд. Компани росгранстройы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй объекты цæттæдзинад у 90 проценты. Рацарæзты фæрцы фæндаджы рæнхъыты бæрц сси 39, æмæ уый фæрцы арæны сæрты цæуы фылдæр транспорт. Суткæйы дæргъы сæ иумæйаг бæрц свæййы дыууæ мины æмæ фондзсæдæ машинæйы. Тагъд рæстæг райдайдзысты фæндаджы уæлцъар æмбæрзын, сныв кæндзысты хахнывтæ, сæвæрдзысты амонæн нысантæ, стæй ныссаддзысты цъæх фæлыст. Куыстытæ фæуыдзысты дыууæ мæйы дæргъы. Росгранстрой шофыртæм сиды, цæмæй уавæр æмбарой, æмæ рæстæгмæ зындзинæдтæн быхсой. Уымæй уæлдай сын амонынц цæмæй балц фæнд кæнгæйæ рæстæг нымайой æмæ семæ райсой нуазыны дон æмæ хæринаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania