филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 воскресенье, 01 февраля 2026
17 августа 2023, 11:58
Дур-Дуры  скъола-интернат «Надежда»-йы хъомылгæнинæгты æрбахуыдтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæм, стæй сын сарæзтой хъæуыл экскурси

Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ сæ сбуц кодтой, æмæ сæ æрбахуыдтой уазæгуаты

Бафæзминаг хъуыддаг. Кæдфæнды рæстæг дæр адæймагæн æрхъуыдзинадæй ахсджиагдæр ницы уыд. Уый æмбаргæйæ, Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ сарæзтой зæрдæхæлар мадзал. Дур-Дуры  скъола-интернат «Надежда»-йы хъомылгæнинæгты æрбахуыдтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæм, стæй сын сарæзтой хъæуыл экскурси.

Дур –Дуры скъола интернат «Надежда»-йы хъомылгæнинæгтæн сæ цæрæн бæстыхайæ алы рацыд дæр  у цины æнкъарæнтæ хæссæг. Ацы хатт та – уæлдайдæр. Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ сæ сбуц кодтой, æмæ сæ æрбахуыдтой уазæгуаты. Сывæллæттæ дис кодтой алы хъуыддагыл дæр.

Хæзныдоны равзæрдыл цæуы æртæ сæдæ азæй фылдæр. Æмæ дзы царды цыдимæ фылдæр æмæ хуыздæр кæнынц адæмы уавæртæ. Уымæ се вæрæн хæссынц йæ рацæуджытæ æмæ цæрджытæ. Хæзныдойнаг Таматы Юрий сфæнд кодта историон мæсыг саразын. Ныр йемæ зонгæ кæны хъæуы уазджыты.

Хъæу фидауы йæ цæрджыты æгъдауæй. Радон хатт та, Хæзныдоны цы зæрдылдарæн бынат ис, кæцы фæзынд Ирыстоны, ацы хъæуы кадджын хъæбул Хъамболты Мараты æнæиузæрдиондзинады фæрцы, уый кæрты арæзт æрцыд хæрзаудæн мадзал.   Дур-Дуры скъола –интернаты минæвæрттæ бацархайдтой дæсныйадæвдисæг ахуырты хæринаг кæнынæй.  Уыцы хъуыды мадзал аразджыты зæрды æрæфтыд, куы базыдтой «Надежда»-йы хъомылгæнинæгтæй бирæты фæнды хæринаггæнджытæ суæвын, уæд.  Æмæ нæ фæфæсмон кодтой. Дыууадæс архайæджы дæр тынг цымыдисæй архайдтой мадзалы. Фæндыд сæ бахъуыды кæнын æппæт фенд хъуыддæгтæ.

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты хъæуы хистæртæ, уазджытæ Дзæуджыхъæуæй, Мæскуыйæ. Сарæзт мадзалыл канд йæ архайджытæ нæ цин кодтой, фæлæ, уыдон дæр.

Хæрзаудæн хъуыддаг саразын удæнцойдзинад хæссæг кæй у, ууыл дыууæ нæ зæгъынц  акци саразджытæ.

Дæсныйадæвдисæг ахуырты архайджытæ хорзæхджынгонд æрцыдысты дипломтæй, стæй лæвæрттæй. Ацы мадзалы кой чи фехъуыста уыцы зæрдæхæлар адæм дæр бахастой се вæрæн сывæллæтты зæрдæтæ се рхъуыдыдзинадæй барухс кæнынмæ. Се хсæн Хъарданты Алан, Гуæцæлты Алан, Сарахъаты Алан, Цæрикъаты Тарас. Уæдæ Сæбанты Козеттæ та Мæскуйæ Ирыстонмæ рæстæгмæ ссæугæйæ, йæ рæстæг нæ бавгъау кодта æмæ лæвæрттимæ æрбацыд мадзалмæ.

Дæсныйадæвдисæг ахуырты фæстæ уазджытæн арæзт æрцыдысты бæрæгбоны фынгтæ, стæй концертон программæ. Бацархайдта йыл Хæзныдоны культурæйы хæдзары кусæг Гегкиты Светланæ. Сабитæ сын ракодтой зæрдæхæлар æнкъарæнтæ хæссæг зарджытæ. Уæдæ «Надежда»-йы хъомылгæнинæгтæ дæр афтидæй не рбацыдысты. Мадзалы архайджытæн равыдстой сæ арæхстдзинад кафынæй, æмдзæвгæтæ дзурынæй.

Зæгъæн ис фембæлд рауад мидисджын æмæ хъармуд. Сывæллæттæ канд ног хæринаг кæнын нæ базыдтой, фæлæ ма базонгæ сты Хæзныдоны истори æмæ йæ фæрнджын цæрджытимæ. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ уæлдай цин кæй фæкодтой хъæуы цæрæг 90 аздзыд Тинаты Варичкæйыл. Уый цæргæбонты фæкуыста хæринаггæнæгæй, æмæ йын йæ хъуыдæтæм хъуыстой цымыдисæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania