филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 воскресенье, 01 февраля 2026
05 сентября 2023, 11:55
Дзæуджыхъæуы ивынц дондзæуæн системæ, уымæн æмæ зæронд хæтæлтæ сæ куыст æххæстæй нал кæнынц

Зæгъæм, горæты бирæ рæтты хъары дон

Сæйраг хæс – сыгъдæг дон. Дзæуджыхъæуы ивынц дондзæуæн системæ, уымæн æмæ зæронд хæтæлтæ сæ куыст æххæстæй нал кæнынц. Зæгъæм, горæты бирæ рæтты хъары дон. Специалисттæ архайынц, цæмæй фарста аиуварс кæной, ууыл. Уæдæ Реданты та фидар кæнынц донæмбырдгæнæны былгæрæттæ.

Цалынмæ ног хæтæлтæ æгуыстæй лæууынц, уæдмæ сын трактор къахы ног бынат. Æмæ уыцы ран сæ куыст 100 азæй къаддæр нæ кæндзысты. Горæт донæй цы хæтæлтæ ифтонг кодтой, уыдон сæ хæстæ хорз нал æххæст кодтой, уымæн æмæ базæронд сты. Ивд нæ уыдысты, куы сæ сæвæрдтой, уæдæй нырмæ.

Сæйраг хæс – цæмæй нуазыны дон уа сыгъдæг. Реданты донæмбырдгæнæны былгæрæттæ дæр уый тыххæй фидардæр кæнынц. Терчы доны æмвæзад куы фæфылдæр уа, уæд æй дамбæ нæ бауаддзæн уæлæмæ ссæуын.

Ам сæйрагдæр у афойнадыл æркæсын хъуыддагмæ. Цæмæй дарддæры куысты фылдæр зындзинæдтæ ма сæвзæра, уый тыххæй. Уыцы хæс æххæст кæны сæрмагонд техникæ.

Низ дзæбæх кæнынæй хи бахъахъхъæнын æнцондæр у. Фæлæ алы фарста афойнадыл фенын алкæйы бон нæу. Зæгъæм, горæты бирæ рæтты хъары дон. Æмæ специалисттæ архайынц, цæмæй фарста аиуварс кæной, ууыл.

Специалисттæ ссарынц фарста æмæ йæ алыг кæнынц. Æмæ ахæм куыст кæнынц алы районы дæр. Цæмæй иу адæймагæн дæр зын ма уа, уый тыххæй. Цæмæй æнæкъуылымпыйæ пайда кæной царды сæйраг фæрæзтæй иуæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania