филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 воскресенье, 01 февраля 2026
08 сентября 2023, 11:47
Ацы азы кæронмæ нæ республикæйы фæзындзысты машинæтæ электрон тыхæй ифтонггæнæн 4 станцæйы

2024-æм азы та фæфылдæр уыдзысты 12-ы онг

Ацы азы кæронмæ нæ республикæйы фæзындзысты машинæтæ электрон тыхæй ифтонггæнæн 4 станцæйы. 2024-æм азы та фæфылдæр уыдзысты 12-ы онг. Алы ахæм объекты аргъ у 3 милуан соммæ хæстæг. Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Куыд бафиппайдта, афтæмæй инфраструктурæйы рæзт фадат ратдзæн электрон автотранспорты нымæц фæфылдæр кæнынæн. Хицауады мæбырды ма сфидар кодтой 2024-æм азæн цæрынæн æппынкъаддæры бæрц. Суыдзæн – 13 мины æмæ 729 сомы. Кусгæ чи кæны, уыдонæн та – 15 мин сомы онг. Пенсисиджытæн уыцы нæмæц уыдзæн 11 807 сомы. Сывæллæттæн та мин æмæ 500 сомы фылдæр. Индексаци скæндзысты социалон фиддонтæн дæр. Фылдæр пособитæ исдзысты нæ республикæйы 90 мин сывæллоны. Хицауады æмбырды ма ныхас цыд, Цæгат Ирыстоны кæй æххæст кæнынц, уыцы инфраструктурон проекттыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania