Кæддæр дзы цы æрзæткъахæн фабрикæ куыста, уымæн йæ хауæццæгтæ æмбырдгæнæн бынат ныридæгæн дæр не скуынæг кодтой
Мызуры цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй. Кæддæр дзы цы æрзæткъахæн фабрикæ куыста, уымæн йæ хауæццæгтæ æмбырдгæнæн бынат ныридæгæн дæр не скуынæг кодтой. Уымæ гæсгæ поселочы цæрджытæ улæфынц уæззау згъæры рыгæй. Фарстамæ æркæсыны хæс йæхимæ райста Адæмон фронт.
Революцийы агъоммæ конд арæзтадтæ сты кусджытæн бронзæ цыртдзæвæнты æмæ 90-æм азты чи ныппырх, уыцы бæстыхæйтты цур. Мызуры æрзæткъахæн фабрикæйы цыма цард бамынæг, йæ фæстæ тæссаг фæстиуджытæ ныууадзгæйæ, афтæ. Рацарæзты агъоммæ дзы фæллой кодта 250 адæймаджы 2 радæй. Ныртæккæ куыстуат у æхгæд, фæлæ йæ архайды фæстиуджытæ ныр дæр ма тыхсын кæнынц бынæттон цæрджыты. Хауæццæгтæй 50 метры дарддæр ис бирæфатерон хæдзар. Сæрды, дымгæ зды рыг куы сисы, уæд адæмæн сæ бон нæ вæййы рудзгуытæ байгом кæнын кæнæ та сæ дзаумæттæ хус кæнынмæ сауындзын. Адæмон фронты минæвæрттæ ардæм æрбацыдысты цæрджыты курдиатмæ гæсгæ.
Ацы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ раджы банымадтой, цæрынæн чи нæ бæззы, ахæмтыл. Адæм æнхъæлмæ кæсынц, æндæр цæрæнуæттæм сæ кæд раивдзысты, уымæ. Фæлæ уыцы рæстæг кæд æрлæудзæн, уый бæрæг нæу. Тæссаг уæлдæфæй та адæм æрвылбон улæфынц.
Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзæгъæл куыйтæ æрбынат кæнынц фабрикæйы территорийыл. Бирæ нæ фæцæрынц – фæнуазынц зды рыгимæ дон. Къæвдаты рæстæг хауæццæгты обæуттæ ранхъæвзы æмæ тæссаг дон Æрыдоны цæугæдонмæ æркæлы.
Ацы урс обæуттæ адæмы мæты æфтауынц. Сæ зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы сæ райгуырæн поселочы сæ бон кæй суыдзæн риудзагæй улæфын, ууыл.




